Каха Каладзе -  сидын цæрджытæм, махæн быцæукæнинаг ницы ис, иумæйаг тыхтæй хъуамæ бафæразæм бæстæ баиу кæнын, территориты æрыздахын æмæ аккагæй  бахизæм Евроцæдисмæ
Каха Каладзе - сидын цæрджытæм, махæн быцæукæнинаг ницы ис, иумæйаг тыхтæй хъуамæ бафæразæм бæстæ баиу кæнын, территориты æрыздахын æмæ аккагæй бахизæм Евроцæдисмæ

Сидын Гуырдзыстоны цæрджытæм, махæн быцæукæнинаг ницы ис, æмудæй, иумæйаг тыхтæй хъуамæ бафæразæм бæстæ баиу кæнын, территориты æрыздахын æмæ аккагæй  бахизæм Евроцæдисмæ, –  уый фæдыл  сæйраг горæты  мэр Каха Каладзе  сæйраг горæты  муниципалитеты хицауады рабадтыл райхъусын кодта.

Каладзейы дзырдæй, Гуырдзыстон  æнæиухатт сбæлвырд кодта йæ  архæйдтытæй, цæмæй нæфæсайгæ  партнер у.

«Мах бирæ хатт сбæлвырд кодтам ацы рæстæджы дæргъы, цæмæй  цæттæ стæм  партнерадмæ, хæлардзинадмæ, рæстмæ  ахастытæм.  Хахх кæнын   рæстмæ ахастытæм. Гуырдзыстоны æнæиухатт сбæлвырд кодта йæ архæйдтытæй, цæмæй у нæфæсайгæ партнер бæстæ æмæ абон дæр цæттæ стæм  хæлардзинадмæ,  ахастытæм, стратегион   партнерадмæ, фæлæ  уый хъуамæ уа дыууæфарсон  хæларад. Иуфарсонæй исты  саразын гæнæн нæй.  Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у,  цæсгомджынæй сыххæст кæна фарастпунктджын  план, кæцы евроинтеграцийы  фæндагыл нысаниуæгджын у. цæттæ стæм. цæмæй байгом уа бадзырдтæ.  Фæнды мæ  уырнын, цæмæй  Гуырдзыстоны цæрджытæ, нæ бæстæ  нæ уыдзæн шантажгонд, куыд кандидаты статусы рæстæджы. Æрымысут ма цы  уавæр уыд, куыд  цыдис бæстæйы æмæ Гуырдзыстоны хицауады ныхмæ  канидадты  статусæй  политиконæй  архайын æмæ ацы процесстæй  манипуляци, цæмæй бæстæйы сцырын кодтаиккой дестабилизаци æмæ быцæуæмбæлд. Сидын Гуырдзыстоны цæрджытæм, махæн ницы ис  быцæукæнинаг, уый нæ фæлæ, иуймæаг тыхтæй хъуамæ бафæразæм бæстæйы  баиу кæнын,  территориты æрыздахын æмæ аккагæй бахизæм уыцы бинонтæм, кæцы  хуыйны Европæ, Евроцæдис», –  райхъусын кодта  Каладзе.