Каха Къаладзе – санкцийы фæдыл ницы хъусынгæнинаг райстон æмæ ацы этапыл Америкæмæ ацæуыны фæндон нæй
Мах æнæфæцудгæйæ ныхмæлæууæм ацы лæггадгæнæг ахастæн АИШ-ы æрдыгæй. Гуырдзыстоны адæм æппæт уыдæтты аккаг нæу – уый фæдыл сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе журналисттæн расидтис, АИШ-ы паддзахадон департаменты 20 Гуырдзыстоны æмбæстагæн визæйы арæнæвæрды фæдыл комментари кæнгæйæ.
Каха Къаладзейы ныхасмæ гæсгæ, АИШ-ы ныры администраци архайы дыууæ бæстæйы æхсæн ахастытæ фæфыддæр кæнын æмæ сæ æнæфæндагмæ æркæнын, фæлæ уый ныфс дары, цæмæй ног администраци æмахастытæ сног кæндзæн.
«Мах цæттæ стæм хæлардзинад æмæ партнерадмæ, æмæ бирæ хатт сбæлвырд кодтам æрмæст ныхасæй нæ фæлæ ма конкретон къахдзæфтæй дæр, цæмæй Гуырдзыстон у æууæнкджын партнер. Мах зонæм хæлардзинад, фæлæ алцыппæт уый хъуамæ уа кæрæдзийæн», – расидтис Каха Къаладзе.
Журналистты фарстайы фæдыл, ис æви нæ йæхæдæг АИШ-ы санкцигондты номхыгъды, Каха Къаладзе расидтис: «Нæ райстон ницы хъусынгæнинаг санкцийы фæдыл. Мæнæн мæхицæн ацы рæстæгмæ Америкæмæ ацæуын кæнæ искуыдæм ацæуын нæ фæнды».
АИШ-ы паддзахадон департамент Гуырдзыстоны 20-мæ æввахс æмбæстагæн, се æхсæн министртæн, парламенты уæнгтæн, барадхъахъхъæнæг æмæ æдасдзинады куыстуаты минæвæрттæн æмæ хицæн адæймæгтæн визæйы арæнæвæрд снысан кодта.