Каха Къаладзе – политикон нысанæй зарæггæнджыты сывзæрсты практика хъуамæ ныппырх уа
Тбилисы мэр Каха Къаладзейы расидæнмæ гæсгæ, ацы аз ногбонон концерты хайад тынг бирæ зарæггæнæг райсдзæн. Мэр ныхас ратта, цæмæй ацы аз концертыл алы зарæггæнæг азардзæн. Къаладзейы ныхасм æгæсгæ, мэри максималонæй бацархайдзæн ма æрцæуа æхгæд Тбилисы сæйраг уынгтæ, цæмæй æмбæстæгтæ сæрибарæй змæлой. «Ноджы иу информаци – сымах зонут, цæмæй 31-æм декабры æнæхъæн æхсæвы дæргъы æрмæст метро куыста, ацы аз æндæр траспорттæ дæр кусдзысты, æмæ æмбæстæгтæн баллæгад кæндзысты æнæхъæн æхсæвы дæргъы змæлой. Се æхсæн Глданы æмæ Варкетилимæ цæуæг адæмæн мэрия рахицæн кæндзæн æнæаргъ траспорт. Мæн афтæ дæр фæнды куырдиатæй басидон самахмæ, медийы бæрнонтæм, максималонæй деталонæй равдисут разногбонон цæттæйы процесс æмæ мадзæлттæ. Растдæр уæ фæрцы хъуамæ базоной æмбæстæгтæ цы бæрæгбонон мадзæлттæ сты плангонд Тбилисы» –сиды Къаладзе.