Каха Къаладзе – никæмæ æртхъирæн кæнæм, кафе дæр уыдзæн, бар дæр, диско- клуб дæр, фæлæ хъæлæбайы проблемæ хъуамæ æрбиноныг уа
Каха Къаладзе – никæмæ æртхъирæн кæнæм, кафе дæр уыдзæн, бар дæр, диско- клуб дæр, фæлæ хъæлæбайы проблемæ хъуамæ æрбиноныг уа
Сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе Тбилисы муниципалон инспекцийæн бахæс кодта, цæмæй туристон зонæты хъæлæбайы контрол максималонæй фæкарз уа.
Каладзе муниципалитеты рабадтыл расидтис, фæстаг периоды законмæ хаст æрцыд ивæндзинæдтæ, кæцыйы бындурыл дæр хъæлæба хъуамæ æрбиноныг уа. Йæ контрол та муниципалитеты мэрийæн бахæс кодта.
«Хъыгагæн, ацы къуымæй ис проблемæтæ. Никæмæ æртхъирæн кæнæм, кафе дæр уыдзæн, бар дæр, диско- клуб дæр, фæлæ хъæлæбайы проблемæ хъуамæ æрбиноныг уа. Фæстаг периоды законмæ хаст æрцыд ивæндзинæдтæ, кæцыйы бындурыл дæр хъæлæба хъуамæ æрбиноныг уа», – расидтис Къаладзе.