Каха Къаладзе – нæ уæ хъæуы цардæй дзаг горæт арæзты хайад райсын? Хъуыдтаг ныхасы бæсты саразут
Каха Къаладзе – нæ уæ хъæуы цардæй дзаг горæт арæзты хайад райсын? Хъуыдтаг ныхасы бæсты саразут

Абон сæйраг сахар ахæм уавæры ис æмæ хъуыдтаг алкæмæн дæр сфаг уыдзæн. Иси уын дуæрттæ куы æхгæнит, рудзгуытæй хъуамæ хизиккат, кæд æмæ уын ис аразыны фæндон –ахæм расидæн , Сакребулойы рабадтыл опозицийæн сарæзта Тбилисы мэр.

Сакребулойы рабадтыл, Тбилисы бюджеты проекты каст цæуы.

«Нæ уæ хъæуы цардæй дзаг горæт арæзты хайад райсын? Хъуыдтаг ныхасы бæсты саразут» -басидтис Каха Къаладзе опозицимæ.

Къаладзейы ныхасмæ гæсгæ, æмкуыстдзинад ис гæнæн алы уæнгимæ, кæцыйы горæты проблемæтæ æнкъарынц.

«Мах нæ дих кæнæм адæмы нæдæр партийы къуымæй æмæ нæдæр политикон къуымæй. Уый раздæр уыд афтæ. Æцæгæй дæр нæм ис амбици, цæмæй æртын азы дæргъы уæвæг фыдуынд политикон тенденцитæн кæрон æрхæссæм. Мæн хъæуы алы æмкуыстдзинад. Æз растæй исын алы критикæ. Сымах дæр мæм ма раздæхут фæсонтæй.

Мах фыццаджы дæр хъуамæ нæхиуыл бакусæм цæмæй нæ бауырна æмæ нæ бон суыдзæн расидæнты ныхмæ тох кæцытæ нæ горæты раз лæууынц» -раисдтис Тбилисы мэр Каха Къаладзе.