Каха Каладзе – мæ хъуыдымæ гæсгæ, июлмæ 12 рекомендаци сыхæхст уыдзæн, Гуырдзыстон, гуырдзиаг адæм æмæ хицауад кандидаты статусы аккаг сты
12 рекомендацийы æрдгæй куыст райдыдта æмæ æнæрмæст куыст, фæлæ ма конкретон къахдзæфтæ сты арызт, мæ хъуыдымæ гæсгæ июны кæрон, июлмæ алы рекмендаци сыххæст уыдзæн – уый фæдыл сæйраг горæты мэр Каха Каладзе райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ баззадис ма дзы цалдæр æрдæмад æмæ алцыппæт цæуы арызт, цæмæй ацы рекомендацитæ сыххæст уа, уымæн æмæ бæстæ райса кандидаты статус.
Фарстыл зæгъгæ «уæ пост публикаци скодта Элене Хоштариа, стæй Виола фон Крамон æмæ ныффыстой, цæмæй Гуырдзыстон райсдзæн кандидаты статус, уый хицауады нæ фæлæ адæмы сгъуыхтдзинад уыдзæн, уымæн куыд аргъ скæндзыстут», Каладзе сдзуапп кодта: «Нæ зонын ныр цас раст уыдзæн ууыл исты серьозон комментари саразын, зонæм, цы сты ацы адæймæгтæ, чи сты, цы у мотиваци æмæ комкоммæ зæгъæн ис, цæмæй сæ сæйраг нысан, рард æмæ мотиваци у, цæмæй бæстæ кандидаты статус ма райса æмæ уый тыххæй алцыппæт аразынц».
Афтæма йæ дзырдæй, Гуырдзыстон, гуырдзиаг адæм æмæ хицауад аккаг сты статус райсын æмæ аккаг уыдысты йеуæд дæр, æндæр бæстæтæн куы раттой фæнысангонд статус, уымæн æмæ Гуырдзыстон алы æрдгæй уыдис раздзог.
«Гуырдзыстон алы æрдгæй раздзог уыдис конкретон къахдзæфтæй, сыххæст реформæтæй, фæлæ уым дæр уыдис мæнгард план, уыдис политикон уынаффæ. Уый æппæтмæ нæкæсгæ евроинтеграцийы фæндагыл, Гуырдзыстоны хицауад алцыппæт сараздзæн, цæмæй фæнысангонд 12 рекомендаци сыххæст уа», – райхъусын кодта Каха Каладзе.