Каха Каладзе – «Картули  Оцнеба» хицауадмæ æрцæудзæн  конституцион фылдæры хайæ, уый гаранти мын дæтты  цæрджыты фарсхæцын уыцы  иунæг тыхæн, кæцыйæн йæ бон у  сабырдзинад бахъахъхъæнын
Каха Каладзе – «Картули Оцнеба» хицауадмæ æрцæудзæн конституцион фылдæры хайæ, уый гаранти мын дæтты цæрджыты фарсхæцын уыцы иунæг тыхæн, кæцыйæн йæ бон у сабырдзинад бахъахъхъæнын

Сæйраг горæты мэр, Каха Каладзейы фидиуæнæй, «Картули Оцнеба» æвзæрстыты  фæуæлахиз уыдзæн æмæ конституцион фылдæры хайæ  æрцæудзæн хицауадмæ.

Каладзейы дзырдæй, адæм зæгхъгæ æмбæлгæ  анализ аразынц.

«Картули ОЦнеба»  æрцæудзæн хицауадмæ  конституцион фылдæры хайæ. Уый гаранти  мын дæтты нæ  бæстæйы  цæрджыты фарсхæцын, кæцы  абон ис уыцы  иунæг тыхæн, кæцыйæн йæ бон у   сабырдзинад бахъахъхъæнын,  æмæ сфидар кæна  бæстæйы хæдбарад.   Абон дзыллæ  федта, реалонæй  цы нысан кæны уай хæдбар, уæгъдибар. Уый тыххæй  тох кæнæм  абон дæр. Дзыллæ  афтæдæр федта, цы нысан кæны виртуалон   демократи. Тынг рæдийут, кæд  æнхъæлут, цæмæй  адæм анализы хъом нес ты, æвзарын хъом не сты, цы уыдис,  куыд уыдис æмæ цы уавæр нын ис абон» – райхъусын кодта Каха Каладзе.