Каха  Каладзе - Кæцыфæнды  адæймагæн ис  фадат æмæ бар,  разæгъа  йæ хъуыды  æмæ протест  ацы кæнæ  æндæр фарстайыл, фæлæ   уый хъуамæ æрцæуа  сабырæй
Каха Каладзе - Кæцыфæнды адæймагæн ис фадат æмæ бар, разæгъа йæ хъуыды æмæ протест ацы кæнæ æндæр фарстайыл, фæлæ уый хъуамæ æрцæуа сабырæй

Кæцыфæнды  адæймагæн ис  фадат æмæ бар,  разæгъа  йæ хъуыды  æмæ протест  ацы кæнæ  æндæр фарстайыл, фæлæ   уый хъуамæ æрцæуа  сабырæй –  уый фæдыл Тбилисы  мэр Каха  Каладзе,  журналисттæн загъта.

Афтæма Каладзе  куыд  банысан кодта,   конструктивон политикон   партитимæ  æмæ  бæрнон    политиктимæ  диалогыл  нæйы зæгъгæ никуы   загътам.

«Абон Гуырдзыстоны хъуыды æмæ  дзырды  сæридбардзинад  ис.  Зонут æй,  цавæр ахасттæ  ис абоны  хицауадмæ  адæймаджы  барты æрдæм,  дзырды  сæрибардзингады æрдгæй.

Цæй зæгъын æй хъæуы, кæцыфæнды  адæймагмæ ис фадат,конституцийæ  лæвæрд бар,   разæгъой сæ хъуыды  æмæ   протест  ацы  кæнæ æндæр  фарстайыл, фæлæ  алцыппæт уый  хъуамæ  цæуа  сабырæй  æмæ  закъонон фæндагæй.

Цыдæриддæр та диалогмæ æххæссы,  мхæн конструктивон политикъон партитимæ æмæ  бæрнон политикътимæ  диалогыл нæйы  зæгъгæ никуы  загътам» –  райхъусын кодта Каха  Каладзе.