Каха Каладзе – Гуырдзыстон, фыццаджы дæр архайдзæни нæ бæстæйы æмæ адæмы  интерестæм гæсгæйæ
Каха Каладзе – Гуырдзыстон, фыццаджы дæр архайдзæни нæ бæстæйы æмæ адæмы интерестæм гæсгæйæ

Гуырдзыстон кæддæриддæр архайдзæни нæ бæстæйы æмæ адæмы  интерестæм гæсгæйæ,  – уый фæдыл  сæйраг горты мэр Каха Каладзе  фехъусын кодта журналисттæн.

Каха Каладзе  гуырдзиаг барвæндонты абалц кæныны фæдыл дæр фæныхас кодта æмæ  загъта, цæмæй  паддзахад архайы æмæ архайдзæни  бæстæйы интерестæм æмбæлгæйæ.

«Гуырдзыстон кæддæриддæр архайдзæни нæ бæстæйы æмæ адæмы  интерестæм гæсгæйæ. Фыццаг кæддæриддæр уыдзæн паддзахады интерестæ.  Афтæ у абон  æмæ афтæ уыдзæн кæддæриддæр, нæ  хицауады  рæстæджы» – райхъусын кодта Каладзе.

Уыимæ ма  Каладзе  Володимир Зеленскийы фидиуæныл дæр фæныхас кодта æмæ  загъта:  «Аргълæвæрдтæй мæхи бауромдзынæн, бæстæ ныр хæсты уавæрты ис. Фыццаджы дæр   сабырдзинад сæм куыд уа, уыцы фæндтæ  зæгъын мæ зæрдæ  Украина æмæ украинаг адæмæн, аргълæвæрдтæ  та  стæй сараздзынæн».