Каха Каладзе -Америка у æрдхорд æмæ партнер, фæлæ ахæм хуызы архайдтытæ зиан хæссынц нæ æмахастытæн, ныр уæвæг æмахастытæн хъæугæ у сног кæнын

Гуырдзыстоны цæрджытæ, мах хъуыды кæнæм, цæмæй Америка у æрдхорд æмæ партнер, фæлæ ахæм хуызы архайдтытæ зиан хæссынц нæ æмахастытæн, ныр уæвæг æмахастытæн хъæугæ у сног кæнын -ахæм дзуапп ратта Тбилисы мэр журналисты фарстайыл, æнхъары æви нæ бæрн уыцы фæстиуджытыл, кæцытæ гæнæн ис АИШ-ы санкциты снысан æрхæсса.

«Кæй зæгъын æй хъæуы алы æппæтыл хъуыды кæнæм æмæ цæуы куыст. Мæнæн æнææмбаргæ у санкциты хай змæлды фæдыл. Парламент, кæцыйы бæстæ сывзæрста, райста закон, кæцы хауы æрмæст иу хъуыддагмæ -æргомдзинадмæ. Кæд æмæ ууыл æххæст кæныс æрылхъывд, уæд мах нæдæр æрдхордтæ уыдыстæм æмæ нæдæр партнертæ.Стæм знæгтæ. Афтæ зыны. Уый тынг зын у æмæ тынг æвзæр, уымæн æмæ æмбæстæгтæ æмæ мах хъуыды кæнæмæ, цæмæй Америка у  æрдхорд æмæ партнер, фæлæ ахæм хуызы архайдтытæ зиан хæссынц нæ æмахастытæн, ныр уæвæг æмахастытæн хъæугæ у сног кæнын» -расидтис Каладзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, хъыгаг у, партнер бæстæты дывæр стандарттæ кæй ис Гуырдзыстоны æрдæм.

«Уый дæр нæ аххос у. Æрмæст абоны хицауады нæ, фæлæ ма фæстаг дæсгай азты дæргъы цы уыд. Сæрмагонд сæры аргъ нæ зонæм. Нæ фыдыбæстæйæн нæ аргъ кæнæм æмæ кæй зæгъын æй хъæуы æндæртæ дæр афтæ хъуыды кæнынц æмæ архайынц» -банысан кодта Каладзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, тынг интересон у, кæд æмæ Францæн ис гæнæн «ахæм, кæнæ ноджы карздæр законы райст, уæд махæн цæмæн нæй бар нæ бæстæйы уа ацы закон?».