Каха Къаладзе – алчидæр иттæг хорз зоны, цæмæй Бидзина Иванишвили алцыппæт расидтис æмæ йын фæстаг дæс азы дæргъы Уæрæсеимæ контакт нæ уыд
Каха Къаладзе – алчидæр иттæг хорз зоны, цæмæй Бидзина Иванишвили алцыппæт расидтис æмæ йын фæстаг дæс азы дæргъы Уæрæсеимæ контакт нæ уыд

Тбилисы мэр Каха Къаладзе «Гуырдзиаг бæллиц-демократон Гуырдзыстон»-ы цытджын сæрдар Бидзина Иванишвилийы мулкы фæдыл ахæлиугонд ноджы иу дезинформаци бынтон мæнг æмæ æгаддзинад хоны.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, парламентон æвзæрстыты æрбаввахсимæ, дезинформацийы нымæц фæфылдæр уыдзæн, кæцымæ æхсæнад цæттæ хъуамæ уа.

«Цас хæстæгдæр кæнæм 26-æм октябрмæ, уыйбæрц фæтыхджындæр уыдзæн ацы типы дезинформаци. Уымæ хъуамæ цæттæ уой нæ бæстæйы цæрджытæ иууылдæр. Иуæрдыгæй ис командæ «Гуырдзиаг бæллиц» – командæ, кæцы тох кæны бæстæйы сабырад бахъахъхъæныныл, бæстæйы экономикон фидардзинад æмæ размæцыд æрхæссыныл, æмæ æппæт уыдæтты уд у Бидзина Иванишвили, кадджын сæрдар партийы. Йæ къухдариуæгадæй ацы азты дæргъы æххæстгонд цыд прагматикон политикæ, кæцы нын фадат радта бæстæйы бæллæхæй хи бахизынæн, кæцы, хъыгагæн, абон Украинæйы цæуы. Уый тыххæй дæр алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй ацы политикæ адарддæр уа æмæ бæстæйы сабырад бахъахъхъæдæуа» – райхъусын кодта Каха Къаладзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Бидзина Иванишвилийы фæдыл фæсарæйнаг медийы парахатгонд информаци раст нæу, уымæн æмæ партийы цытджын сæрдарæн азты дæргъы Уæрæсеимæ ницы контакт уыд.

«Ноджы иу хатт сфæлхатт кæнын: хъыгаг у, ахæм типы манипуляцитæ куы æрцæуы, уæд. Алчидæр иттæг хорз зоны, цæмæй Бидзина Иванишвили алцыдæр расидтис. Фæстаг 20-25 азы йын Уæрæсеимæ бастдзинад нæ уыд. Уæрæсейæ куы ацыд æмæ Гуырдзыстонмæ куы æрцыд, уæд цавæр аз уыд, уый бæлвырд нæ хъуыды кæнын. Бидзина Иванишвили нæ бæстæйы цæуыл æнувыд уыд, уый уыд æрмæстдæр хæрзаудæн æмæ хорз хъуыддæгтæ кæнын. Ацы хуызы уацтæ, расидæнтæ, мæнмæ гæсгæ, ноджы тыхджындæр уыдзысты æмæ размæ рацæудзысты. Æхсæнад цæттæ хъуамæ уа ахæм спекуляцитæм æмæ чъизидзинадмæ, кæцытæ ныгуылæнæй æрцæуынц» – райхъусын кодта Тбилисы мэр.