Каха Каладзе – æргомдзинады закъоны райсты фæдыл арфæ кæнын алкæмæн, кæмæндæриддæр нысаниуæгджын у бæстæйы фидæны скуыдзаггæнæг уа Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæры хай, сабыр, стабилон уавæры
Каха Каладзе – æргомдзинады закъоны райсты фæдыл арфæ кæнын алкæмæн, кæмæндæриддæр нысаниуæгджын у бæстæйы фидæны скуыдзаггæнæг уа Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæры хай, сабыр, стабилон уавæры

Æргомдзинады закъоны райсты фæдыл арфæ кæнын алкæмæн, кæмæндæриддæр зынаргъ у  Гуырдзыстоны амонд, суверенитет, кæмæндæриддæр нысаниуæгджын у, бæстæйы фидæн  скуыддзаг, кæна  Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæры хай сабыр æмæ   стабилон уавæры, –  уый фæдыл  сæйраг горæты мэр Каха Каладзе  райхъусын кодта.

«Вето саст у æмæ фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл закъон ист у,  йæ тыхмæ бахызт.  Фæнды мæ раарфæ кæнын алкæмæн, кæмæндæриддæр зынаргъ у Гуырдзыстоны амонд, суверенитет, кæмæндæроиддæр нысаниуæгджын у, бæстæйы фидæн  скуыддзаг кæна  Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæры хай сабыр æмæ   стабилон уавæры, æвзæрстыты фæндагæй, куыд алы демократон, цивилизацигонд, размæцыд бæстæты вæййы æмæ нæй  æддаг акторты хифæкæндæй.

Адон не сты  патеттикон ныхæстæ, абон Гуырдзыстоны  амонд скуыддзаг кæны   кардæй нæ,  танкæй нæй, фæлæ нæ цæрджыты  фарсхæцынæй  фидар зондджын, бæстæйы  интерестыл  арызт политикæйæ æмæ  конкретон  къахдзæфтæй.  Æргомдзинады закъон хъуамæ бахъахъхъæна нæ бæстæ  алы уыцы фæсарæйнаг тыхты  æндæвдадæй, кæцыты  нысан у бæстæйы дестабилизацидзинад сцырын кæнын æмæ сабырад фехалын», – райхъусын кодта мэр.