Каха Имнадзе ИНО-йы æдасдзинады советы Гуырдзыстоны окупиргонд регионты уавæры фæдыл фæныхас кодта
Каха Имнадзе ИНО-йы æдасдзинады советы Гуырдзыстоны окупиргонд регионты уавæры фæдыл фæныхас кодта
ИНО-йы Гуырдзыстоны бæрнон Каха Имнадзе æдасдзинады советыл гом дебадтты фæлгæтты ныхасæй рацыды рæстæджы бафидауыны ролыл æппæтдуноен сабырад æмæ æдадсзинады бавæрдыл.
Ныхасæй рацыды рæстæджы Имнадзе бахахх кодта, цæмæй Гуырдзыстон конфликты сабырадон æрбиноныгы политикайы иузæрдæ у æмæ даргъ кæны бафидауын æмæ бастдзинады политикайы Абхази æмæ Цхинвалы окупиргонд регионты.
2018-æм азы националон æмæ æппæтдунеон партнертимæ æмкуыстдзинады Гуырдзыстоны хицауад райста сабырадон инициативаты пакет номхуындæй «Къахдзæф хуыздæр фидæнмæ». Имнадзейы ныхасмæ гæсгæ, инициативæ стыр интерес расидтис дыууæ регионы цæрджыты æхсæн æмæ дихгæнæг хаххыл монтажгонд барертæм æнæкæсгæ.
Каха Имнадзейы расидæнмæ гæсгæ, сабырадон инициативæ йæ зæрдыл дары æртæ сæйраг сферæ: дихгæнæг хаххытыл базарад, Абхази æмæ Цхинвалы регионты цæрджыты фадатты æххуыс.
Имнадзе банысан кодта, цæмæй æнæаргъ æнæниздзинады лæвæрд сæйраг сферæ у Гуырдзыстоны хицауады сабырад æмæ бастдзинады политикайы, кæцыйы æххуысæй Абхази æмæ Цхинвалы регионы цæрджытæн æнæниздзинады сферайы æххуыс уа лæвæрд.