Каха Имнадзе -ИНО-йы ацы азы резолюци ноджы анахъазон ссис, уымæн æмæ йæ иницирдзинад æрцыд æрмæст Гуырдзыстон нæ фæлæ бæстæты къорды æрдыгæй
Каха Имнадзе -ИНО-йы ацы азы резолюци ноджы анахъазон ссис, уымæн æмæ йæ иницирдзинад æрцыд æрмæст Гуырдзыстон нæ фæлæ бæстæты къорды æрдыгæй

Каха Имнадзе -ИНО-йы ацы азы резолюци ноджы анахъазон ссис, уымæн æмæ йæ иницирдзинад æрцыд æрмæст Гуырдзыстон нæ фæлæ – бæстæты къорды æрдыгæй

ИНО-йы резолюци ноджы анахъазон ссис, уымæн æмæ йæ иницирдзинад æрцыд æрмæст Гуырдзыстон нæ фæлæ – бæстæты къорды æрдыгæй, уый фæдыл Гуырдзыстоны бæрнон ИНО-йы, Каха Имнадзе Гуырдзыстоны фыццаг къаналæн ИНО-йы генералон ассамблеайы Абхази æмæ Цхинвалы регионтæй лыгъдонты статусыл ист резолюцийы фæдыл расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ИНО-йы Абхази æмæ Цхинвалы регионтæй лыгъдонты статусы фæдыл  резолюцийыл, уыцы бæстæтæ рахæцыдысты сæ фарсыл, кæцытæ сæхæдæг дæр сты проблемон уавæры æмæ йæ, кæй зæгъын хъæуы, уыцы сателит бæстæ, кæцытæ сты баст Уæрæсейыл.

«Фæнысан кæнинаг у,  цæмæй   ацы  аз  ИНО-йы  уæнг бæстæтæм фыццаг хатт æрцыд лæвæрд  фадат,  резолюцийы  æмавтортæ  уыдаиккой æмæ ацы фæндагæй   ноджы  активонæй  дæр баиу  уыдаиккой   ацы нысаниуæгджын   фарстайы  аскуыддзагы æрдæм  æппæтадæмон   тыхархайдмæ. Дунейыæндæр æмæ æндæр   регионтæй резолюцийы æмспонсорты  рæнхъытæм баиу ис ИНО-йы  уæнг 45  бæстæ.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр  ацы азы   резолюци  у  æнæ æрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма   æфтауцæй  45  бæстæйы иумæйаг  инициативæ.  Æмспонсордзинадæй  фæнысангонд резолюци  ссис  бирæ ахадæгдæр, уымæн æмæ  бавдыст æрцыд æнæ æрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма  – бæстæты  егъау къорды æрдгæй  æмæ йæм фылдæры хайы  æнцойад ис», – банысангонд у  Гуырдзыстоны ФХМ-ы  информацийы.