Каха Имнадзе – Гуырдзыстон аннексиргонд Хъырымы фæдыл ИНО-йы резолюцийы фарсылхæцæг у
Каха Имнадзе – Гуырдзыстон аннексиргонд Хъырымы фæдыл ИНО-йы резолюцийы фарсылхæцæг у

Каха Имнадзе – Гуырдзыстон аннексиргонд Хъырымы фæдыл ИНО-йы резолюцийы фарсылхæцæг у

ИНО-йы геенралон ассамблеайы æртыгкаг комитет Хъырымы адæймагы барты уавæры фæдыл резолюци сбæлвырд кодта, кæцыйы спонсор Гуырдзыстон у. Уый фæдыл социалон хызы, ИНО-йы Гуырдзыстоны минæвар Каха Имнадзе фыссы.

«Æртыгкаг комитет райста резолюци «Адæймагы барты уавæр Хъырымы автономийы æмæ горæт Севастополы, Украинæ» , кæцыйы спонсор Гуырдзыстон у. Документы ис фыст адæймагы барты хæлд, Уæрæсейы окупаци, сиды бартæ хъахъæнæг механизмтæм бауадзынмæ» -фыссы Каха Имнадзе.

Хъырымы резолюцийæн 67 бæстæ рахæцыд йæ фарсыл, се æхсæн гуырдзыстон, 26 –бæста та йæ ныхмæ, 82 та нæ райста хайад халæппæрсты.

Уыцы бæстæты æхсæн, кæцытæ нæ рахæцыдысты йæ фарсыл резолюцийæн сты – Сомих, Белаоус, Серби, Куба, Венесуэлла, Никарагуа, Сири, Иран, Китай æмæ æндæртæ.