Кайя Къалас æмæ Марта Къосс Гуырдзыстоны фæдыл расидæн парахат кæнынц
Кайя Къалас æмæ Марта Къосс Гуырдзыстоны фæдыл расидæн парахат кæнынц

Гуырдзыстоны уавæры фæдыл Еврокомисы вице-президент Кайя Каллас æмæ еврокомиссар Марта Къос парахат кæнынц фидиуæн.

Расидæнмæ гæсгæ, Кая Калас æмæ Марта Къос Гуырдзыстоны хицауадмæ сидынц закондæттæн ивæндзинæдтæ æрурома æмæ æнхъæлмæ кæсой OSCE/ODIHR аргълæвæрдмæ.

«Мах уынæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад демокративон стандарттæй дарддæр цæуы». Административон фæткхалды кодексмæ, уголовон кодексмæ æмæ æмбырдтæ æмæ манифестациты фæдыл закъонмæ ивæндзинæдты тагъд райст гуырдзиаг æхсæнадыл дæргъвæтин æндæвдад уыдзæн. Уыдон нысаниуæгджынæй хъыгдарынц ныхасы сæрибардзинад, æмбырдты сæрибардзинад æмæ медийы сæрибардзинад. Снысангонд цаутæ серьозон фæстæмæздæхт сты Гуырдзыстоны демократион размæцыдæн æмæ Евроцæдисы кандидат бæстæйæн исты æнхъарæнтæ нæ раст кæнынц. «Сидæм хицауадмæ, цæмæй æрурома ацы мадзæлттæ, бауромой дарддæры эскалаци æмæ æнхъæлмæ кæсой OSCE-йы демокративон институтты æмæ адæймаджы барты фæдыл офисы (ODIHR) аргълæвæрдмæ, куыд æрдомдта æхсæнадон хъахъхъæнæг», – дзырдæуы хъусинаджы.

Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, тыхмийы аххосджынтæ хъуамæ æфхæрд æрцæуой.

«Гуырдзыстоны хицауад æндæр хъуыдыйы хъæлæстæ бауромыны тыххæй æрæвнæлдта тæрсынгæнæн тактикæтæм æмæ тыхмидзинадмæ. Сабырадон демонстранттæ, журналисттæ æмæ оппозицион политиктæ нысангонд æрцыдысты сæ бындурон бартæй пайда кæныны тыххæй. Ныртæккæ ахст уæвæг журналист Мзиа Амагълобелийы цау у ноджы иу дæнц, цæмæй куыд ахаст дары хицауад журналисттæм æмæ алкæмæн дæр, кæцы сæрибарæй дзуры. Мзия, кæцы ныртæккæ ис æххормаг забастовкæйы, у æппæт æнæрастæй ахст адæймæгты хъæбатырдзинады символ. Тыхмийы аххосджынтæ хъуамæ æфхæрд æрцæуой.

Сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ ссæрибар кæной алы æнæрастæй ахст журналистты, активистты æмæ политикон ахæстты. Сидæм  хицауадмæ,  сифтонг кæной диалог алы политикон тыхтимæ æмæ æмбæстагон æхсæнады минæвæрттимæ. Æууæнк æмæ диалог сног кæныны тыххæй ницы вариант хъуамæ уа æнæрайсгæ. Фæстаг æвзæрстыты тыххæй OSCE/ODIHR-ы хыгъдлæвæрды рекомендацитæ æвæстиатæй хъуамæ æххæстгонд æрцæуой. «Евроцæдис цæттæ у йæ фарсылхæцындзинад алы тыхархайдæн, кæцы здæхт у Гуырдзыстоны демокративон, стабилон æмæ европон фидæнмæ», – ис фыст фидиуæны.