Абонæй Гуырдзыстоны скуыста кредитон-гарантион механизм. Паддзахадон программæйæ кредтон-гарантион схемæйы нысан у финансытæ рæувадат дæр скæнын уыцы лыстæг æмæ астæуккаг бизнесментæн, кæцытæм нæй фадат, хæс ифтонг кæнынæн хъæугæ домæнтæ сæххæст кæнын (æххæстæй кæнæ хайгай), афтæдæр экономикæйы кредитлæвæрд баахъаз æмæ инклюзивон экономикон рæзт срæвдз кæнын.
Критеритæ, кæцытæм æмбæлондзинады цауы бенефициар кредитон гарантион механизмæй спайда кæндзæн, хицауад сбæлвырд кодта.
Документмæ гæсгæ, амалиуæгдар субъект, кæцы исы хæс коммерцион банкъæй ацы программæйы фæлгæтты, хæс райсты моментмæ ахæм доментæн хъуамæ уа æмбæлон: фæстаг æртæ мæйы дæргъы, бенефициары астæуккаг зилдух 20 милуан ларийæ фылдæр ма хъуамæ уа, уыйимæ бенефициары кредиттæ ма хъуамæ уа 8 милуан ларийæ фылдæр.
Коммерцион банкъæй программæйы фæлгæтты бенефициарæн лæвæрд кредиты минималон бæрц, 50 000 ларийæ, максималон та – 2 000 000 ларийæ фæбæрæг ис.
Хицауады уагæвæрдмæ гæсгæ программæйы фæлгæтты бенефициармæ ис бар, спайда кæна цалдæр кредитæй, кæд æмæ кредитты æмтæгæйон бæрц нæ 2 000 0000-æй фылдæр.
«Афтæма, цалдæр уæнгæй æфстау исджыты æрдгæй кредит райсты цауы, сæ хæсты æмтгæйон бæрц (хицæнæй æмæ иумæйагæй) ма хъуамæ уа 2 000 000 ларийæ фылдæр»,- дзырдæуы документы.
Программæйы фæлгæтты хæсты алæвæрд æрмæстдæр националон валютæйæ цæудзæн.
Кредитон гаранти та, æфстау алæвæрдæй 10 азы æмгъуыдæй кусдзæн.
Кредитон-гарантион фондæн 2019-2023 азты æрвылазонæй, бюджетæй 20 милуан лари рауæлдай уыдзæн.
Уагæвæрдмæ гæсгæ, механизмæй пайда кæнын сæ бон нæ бауыдзæн уыцы амалиуæгдар субъекттæн, кæцытæ ацы схемæйы фæлгæтты иу хатт уæддæр бавзæрстой дефолт кæнæ састой ацы уагæвæрдæй бæрæг аууæлттæ; кæцытæ паддзахадон программæйы – «Аразы Гуырдзыстоны» – домæнтæ хæлдтой; кредит алæвæрды моментмæ, паддзахады æрдæм æмгъуыивгъуыд фидтонон хæстæ ис. Программæйы фæлгæтты кредит райсыны бар нæдæр хæсджынты реестры регистрацигонд субъекттæм ис.
Афтæма кредитон гаранти лæвæрд не рцæудзæн уыцы хæстæм гæсгæ, кæцытæй æфстаударджытæ сты кондадтæ, кæцыты хайы, æхсæнадон барады юридикъон уæнг комкоммæ кæнæ æнæ комкоммæ у 10 процентæй фылдæр бардарæг, акцийы кæнæ кредиты алæвæрды моментмæ хайад исы кондадты хицауиуæгы процессы.