Кæцы  цауы  рахæцдзæн йæ фарс фракци «Хæдбар Депутаттæ» 100/50-ыл  æвзарæнон моделæн
Кæцы цауы рахæцдзæн йæ фарс фракци «Хæдбар Депутаттæ» 100/50-ыл æвзарæнон моделæн

Фракци  «Хæдбар Депутаттæ»   æвзарæнон   системæйы  фæдыл консессусмæ  æрцыды   нысанæй,   политикон  тыхтæн  сæрмагонд хъуыдиад æнхъары.  Фракцийы  позици   абон арызт   прессконференцийыл айхъусын кодта   Леван Къоберидзе.

Леван Къоберидзе бавдыста  уыцы  домæнтæ,   кæцыты  бындурыл  йæ фракци   100/50  моделæн йæ  фарс рахæцдзæн.

«1. 2024 азæй  æнæмæнгæй баззайæд  пропорцион æвзарæнон системæ æмæ  бынтон иппæрд  æрцæуæд  конситуцийы  уæвæг   статийы   ивд  2024 азæй   пропорцион  æвзарæнон системæйы  фæдыл; 2. Кæд æмæ  2020  æмæ   2024 азты æхсæн  слæудзæн  æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстыты  ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад, уæд æвзæрстытæ  ацæуæд  уыцы  принципæй  кæцы  скусдзæн 2020 азы парламентон  æвзæрстытæм; 3.  Æвзæрстыты   фæстиуджыты   бæрзонд легитимацийы  тыххæй, уæрæх  политикон  спектры  активон хайадæй  ацæуæд  уынаффæ  æмæ   разыдзинады  бындурыл  2020 азы  парламентон æвзæрстыты  хайад  райсын бауæд æнæмæнгхъæугæ  Гуырдзыстоны территорийыл  Гуырдзыстоны  алы  æмбастагæн; 4.  Уæлдæрбанысангонд   æртæ  домæн  зæрдылдаргæйæ,  цæттæ стæм,  баххуыс кæнæм уæрæх  консессусмæ æрцыдæн  æмæ йæ фарс рахæцæм  2020  азы  парламентон æвзæрстытæ ауадзынæн  100  пропорцион/50 мажоритарон  моделæй», – райхъусын кодта   Леван Къоберидзе.