Юстицийы министрад - Европæйы советы экспертты къорды хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад фæстаг азты дæргъы позитивон къахдзæфтæ сарæзта, цæмæй трафикингы ныхмæ механизмты райрæзт уа
Юстицийы министрад - Европæйы советы экспертты къорды хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад фæстаг азты дæргъы позитивон къахдзæфтæ сарæзта, цæмæй трафикингы ныхмæ механизмты райрæзт уа

Гуырдзыстоны юстицийы министрады информацийæ, Европæйы Советы адæймагы базарады фæдыл экспертты къорды (GRETA) аргълæвæрды 4-æм туры хыгъдлæвæрд рапарахат ис.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, фæстаг азты дæргъы Гуырдзыстоны хицауад позитивон къахдзæфтæ сарæзта трафикингы ныхмæ закондæттæн, институционалон æмæ политикон механизмты дарддæры размæцыдæн.
«Гуырдзыстон нысаниуæгджын хъусдард здахы адæймæгты базарады ныхмæ эффективон тохмæ, кæцы афтæ дæр у Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы процессы нысаниуæгджын хай æмæ бæстæйы æмæ регионы æдас, æууæнкджын уавæр аразы транснационалон организгонд фыдракæнды ныхмæ тохы æрдгæй» – ис фыст юстицийы министрады расидæны.
Юстицийы министрады информацимæ гæсгæ, GRETA-йы аргълæвæрды хыгъдлæвæрды 4-æм туры банысангонд прогресс у адæймæгты базарады ныхмæ мадзæлтты реализацийы æхсæнведомствæйон координацион советы эффективон куысты фæстиуæг.
«GRETA-йы цыппæрæм раунды аргълæвæрды хыгъдлæвæрд ноджы иу хатт æвдисы АИШ-ы паддзахадон департаменты æрвылазон хыгъдлæвæрды адæймæгты базарады фæдыл, кæцымæ гæсгæ, Гуырдзыстон 10-æм аз фæд-фæдыл ис адæймæгты базарады фыдракæнды ныхмæ ист мадзæлтты æрдгæй сеппæтæй бæрзонддæр æмвæзадыл æмæ хъахъхъæны йæ бынат «фыццаг чырыны» – дзырдæуы Гуырдзыстоны юстицийы министрады расидæны.