Юстицийы министрад – 2008-æм азы хæстимæ баст æппæт историон цаутæ фæцис Гуырдзыстоны пайдайæн, Гуырдзыстон активонæй æмгуыстад кæны Евросоветы министрты комитетимæ Уæрæсейы ныхмæ фæуæлахизгонд быцæутæ æххæст кæнынæн
Юстицийы министрад – 2008-æм азы хæстимæ баст æппæт историон цаутæ фæцис Гуырдзыстоны пайдайæн, Гуырдзыстон активонæй æмгуыстад кæны Евросоветы министрты комитетимæ Уæрæсейы ныхмæ фæуæлахизгонд быцæутæ æххæст кæнынæн

Страсбургы æмæ Гаагæйы тæрхондæтты 2008 азы хæстимæ баст æппæт историон цаутæ Гуырдызстоны пайдайæн фæцис – уый фæдыл Гуырдзыстоны юстицийы министрады рапарахатгонд информацийы ис фыст.

«2008 азы августы хæсты хъуыддаджы фæдыл, Европæйы тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй:

Абхаз æмæ Цхинвалы регион Гуырдзыстоны æнæфæхицæнгæнгæ хай сты æмæ Уæрæсе оккупацигонд сты;

Уæрæсейы Федераци, куыд оккупацион паддзахад, аххосджын у этниконæй гуырдзиаг цæрджыты барты массон хæлдæн;

2008 азы августы хæстон хъуыддаджы Страсбургы тæрхондон Уæрæсейæн бафæдзæхста 130 милуан евройы онг бафидын 24 мины онг Гуырдзыстоны æмбæстагæн, кæцытæ хæсты рæстæджы хъизæмар бавзæрстой.

Гаагæйы прокурор 2022 азы кæрон фæцис августы хæсты хъуыдтагы фæдагуырд æнæ рабæрæг кæнгæйæ æхсæнадæмон барады нормæты хæлд кæнæ гуырдзиаг фарсы æндæр хуызы æнæзакъон митæ;

Августы хæсты рæстæджы гуырдзиæгты ныхмæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдоны тыххæй Гаагæйы тæрхондон 2022 азы Гаагæйы тæрхондон рауагъта ахсты ордертæ Цхинвалы регионы æртæ «бæрзонд рангы чиновникы» ныхмæ æмæ сбæрæг кодта дзæнæттаг уæрæсейаг инæлары бæрндзинад.

2024 азы 9-æм апрелы Гуырдзыстон рамбылдта ноджы иу историон уæлахиз Уæрæсейы ныхмæ цæугæ оккупацион хъуыдтагы;

«Страсбургаг тæрхондоны информацимæ гæсгæ, Уæрæсе æнæрлæугæйæ æххæст кæны Гуырдзыстоны территорийыл æнæзаконон «бордеризацийы» процесс, кæцы массонæй халы Гуырдзыстоны цæрджыты бартæ» – ис фыст Гуырдзыстоны юстицийы министрады информацийы.

Страсбургы æскъуыддзæгты сæххæст кæныны фæдыл та, юстицийы министрад сиды, цæмæй Гуырдзыстон активонæй дарддæр кæны æмгуыстад Евросоветы министрты комитетимæ, цæмæй Уæрæсейы ныхмæ фæуæлахизгонд быцæутæ æххæстгонд æрцæуой.