Юстицийы хæдзæрттæ æмæ æхсæнадон  центртæ  æмбæстæгтæн лæггад кæндзысты  къуырисæрæй  -майрæмбон хынцгæйæ
Юстицийы хæдзæрттæ æмæ æхсæнадон центртæ æмбæстæгтæн лæггад кæндзысты къуырисæрæй -майрæмбон хынцгæйæ

Юстицийы  хæдзары  филиалтæ æмæ æхсæнадон центртæ, сабат æмæ  хуыцаубон  нал  кусдзысты  Паддзахадон сервисты  рапарахаты  агентады  информацийæ,  22:00 сахаты фæстæ та,  змæлдыл  арæнæвæрдтæм гæсгæйæ, Тбилисы, Кутаисы  æмæ Батумы юстицийы  хæдзæрттæ,  æмбæстæгтæн  09:00-21:00  сахатмæ  лæггад кæндзысты.  Куысты ранывæзты ивды аххос у  коронавирусы ахæлиу маруадзын.

«Юстицийы хæдзæртты æмæ   æхсæнадон  центрты лæггад рæувадат у  æрмæстдæр  рагагъоммæ бацахсты  приницпæй  порталæй  – my.gov.ge . Электронон системæ  фæлхасгæнджытæн  фондзæвзагон  сервис æнхъары –   цымидисгæнæг  уæнгæн визитмæ регистраци йæ бон у  гуырдзиаг, абхазаг, англисаг, сомихаг æмæ  азербайджайнаг  æвзæгтыл.

Юстицийы  хæдзары æмæ  æхсæнадон  центры лæггад райсынæн  æмбæстаг:  визитмæ регистрацийы  тыххæй хъуамæ бахиза  веб-фарсмæ – my.gov.ge;

Ахсджиаг у, цæмæй   рагагъоммæ регистраци куы нæ рацæуа, юстицийы хæдзармæ æмбæстагы нæ бауадздзысты; филиалмæ бацæуæг  уæнгæн  æнæмæнгæй  хъуамæ уа  маскæ,  æнæ маскæйæ  уый бæстыхаймæ нæ бауадздзысты», – банысангонд у паддзахадон   сервисты  рапарахаты  агентады информацийы.