Юрий Луценко - Саакашвилимæ нырма ис шанс сразы уа Гуырдзыстонмæ барвæндон депортациимæ
Украинæйы генералон прокуррор Юрий Луценко хъусын кæны, цæмæй Саакашвилимæ нырма ис шанс сразы уа Гуырдзыстонмæ барвæндон депортациимæ.
Луценко журналисттимæ ныхас ыкуыд расидтис афтæмæй, алцыппæт баст у йæхæдæг Саакашвилийыл.
«Саакашвилимæ нырма ис шанс сразы уа Гуырдзыстонмæ депортацийыл кæнæ та фæстæмæ йæ бон у хъуыды кæна цæмйæ Украинæйы закъонтæй уæлдæр лæууы. Фæлæ дыккаг вариант дæр æй эксрадицийы онг бакæндзæн» – расидтис Луценко агентад Fakty ICTV -имæ интервьюйы рæстæджы.
Украинæйы генералон прокуррор сæрмагонд фидæны кой дæр ракодта æмæ ныфс равдыста, цæмæй 2018 азы уалдзæджы йæ бон бауыдзæн баулæфа.
«Плоангонд хъуыддæгтæй сæ фылдæр сæххæст кодтон. Прокуратурæ реформиргонд у. Тызмæг постсоветон тоталитарон монстр нал ис. Мæнмæ гæсгæ сарызтон ахæм атмосферæ, æмæ алчи дæр æмбарджын у закъоны раз» – расидтис Юрий Луценко.