Юридикон комитет сразы ис закъондæттæн пакетимæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары цыргъаг дарыны фæдыл нормæтæ æмæ бæрн фæкарз кæнын
Парламенты юсридикон фарстаты комитет сразы ис мидхъуыддæгты министрады æрцæттгонд закъондæттæн пакетимæ, кæцымæ гæсгæ дæр, цыргъаг хæссыны фæдыл уæвæг нормæтæ æмæ бæрн карздæр кæны.
Закъонопроектмæ гæсгæ, уынджы, кæрты, стадионыл, скверы, паркы, ахуыргæнæндæтты, тæрхонддæтты, аэропорты, кинотеатры, театры, концертон залты, кафеты, ресторанты, алыхуызæн æхсæнадон транспорты, автостанцæйы, æфсæвæндагон станцæйы æмæ адæмарæх рæтты цыргъаг дарыны тыххæй гоймаг фæивар уыдзæн 500 ларийæ, цыргъаг конфискациимæ иумæ.
Закъонопроектæй бæлвырд цæуы уый,ц æмæй фæнысангонд стати нæ баххæсдзæн барæйн марындзинады фыдаркæнды тыххæй тырхонгонд уæнгтæм, наркотиктæй пайда кæныны тыххæй администрацион æфхæрды уæвæг гофмгамæ кæнæ та уыдонмæ, кæцыты ныхмæ лæвæрд у хъахъхъæнæг кæнæ уромæг ордер. Фæнысангонд цауы, бæрн сбæрæг уыдзæн «тугтæрхоны барады кодексы» 238-æм статийы фыццаг пунктмæ æмбæлгæйæ.
Уыимæ ма, ивддзинадæй бæрæг кæны, цæмæй закъон нæ баххæсдзæн уыцы уæнгтæм, кæцытæ цыргаъг дарынц сæрмагонд гигиенæйы, хæринаг æрцæттæйы кæнæ райсын нысанæн, профессион куыстæн, цауны, кæсагахсыны кæнæ зайæгой продукци бамбырд кæныны, хъæууон-хъæдзарадон куысты кæнæ фосдарынад сыххæст нысанæн. Афтæма кæд дары националон дарæс æмæ цыргъаг та у ацы дарæсы элемент.
Закхондæттæн пакет инициргонд уыд 2019 азы, закъонопроект абон дыккаг байхъуыстæй æркастысты.