Йоханес Хан -Гуырдзыстоны фæдыл хатдзæг æвдисы прогресс, кæцы ис бæстæйы асоцирдзинады къухфысты æмæ сæрибар базарады бадзырды сыххæсты процессы
Йоханес Хан -Гуырдзыстоны фæдыл хатдзæг æвдисы прогресс, кæцы ис бæстæйы асоцирдзинады къухфысты æмæ сæрибар базарады бадзырды сыххæсты процессы
Мах адаргъ кæндзыстæм ассоцирдзинады сыххæстыл хъусдард -уый фæдыл европон сыхагон политикæ æмæ ауæрæхы фарстаты еврокамиссар Йоханес Хан.
Йæ ныхасмæ гæсгæ. Евроцæдис йæ фарсыл хæцы Гуырдзыстоны архайдытæ реформæты сарæзты къуымæй. Еврокамисары ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны фæдыл хатдзæг æвдисы уыцы прогресс, кæцы ис бæстæйы асоцирдзинады къухфысты æмæ сæрибар базарады бадзырды сыххæсты процессы.
Хатдзæгы аргълæвæрд ис Гуырдзыстонæй ассоцирдзинады, арф æмæ уæрæх сæрибар базарадон бадзырды сыххæсты уаг. Хатдзæг бацæттæ ис Гуырдзыстоны хицауады бæрнонтæн, опозицийы лидертимæ æмæ гражданон æхсæнады бæрнонтимæ, афтæ дæр еврокамисы , евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты уагдон æмæ европарламенты æттаг æмахастыты комитеты уæнгтимæ фембæлды бындурыл.
Документы хатдзццæгон хайы ис нысангонд, цæмæй хатдзæг позитивон аргъ дæтты ассоцирдзинады бадзырды сыххæстæн. Афтæ дæр сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, аскъуыддзаг кæна уæвæг проблемæтæ, кæцытæ сты баст куыстон бартимæ, æрдзы хъахъхъæд æмæ сылгоймæгты ныхмæ дискриминацийы фарстатæм.