Эстонийы президент – бæрæг æнæмбæрст ис, Эстони æмæ нæ  партнертæ куы дзурынц, цæмæй Украина хъуамæ суа  уæнгтæм кандидат бæстæйæ уæд, уый	 ма æххæссы æнæрмæст Украинамæ, фæлæ Гуырдзыстонмæ æмæ Молдовæмæ дæр
Эстонийы президент – бæрæг æнæмбæрст ис, Эстони æмæ нæ партнертæ куы дзурынц, цæмæй Украина хъуамæ суа уæнгтæм кандидат бæстæйæ уæд, уый ма æххæссы æнæрмæст Украинамæ, фæлæ Гуырдзыстонмæ æмæ Молдовæмæ дæр

Бæрæг æнæмбæрст  ис, Эстони  æмæ нæ  партнертæ куы дзурынц, цæмæй Украина хъуамæ суа  уæнгтæм кандидат бæстæйæ уæд.  Уый ма афтæдæр æххæссы  Гуырдзыстонмæ æмæ Молдовæмæ –  æнæрмæст Украинамæ –  уый фæдыл Эстонийы президент  Алар Карис  райхъусын кодта  Давосы Дунейы  Экономикон Форумы  фæлгæтты ацæугæ  панелыл –  «Сыхимæ Евроцæдисы  партнерадлы  ногæй æмбарын».

Афтма  йæ  дзырдæй,  зæгъгæ ацы  бæстæты  цæрджыты 80-90 проценты фæнды  Евроцæдисы  уæнгсуæвын  æмæ процесс  нæ цæуы æрмæст уый тыххæй  ома  Украинайы  ныр хæст ис.

«Процессмæ  куы рывнæлдтам  уыцы  периоды  куы рымысæм, мах райдыдтам фыццаг,  Латви æмæ Лиетвæ  уыдыстæы нæ фæстæ.  Æцæгдæр нæ уырныдта, цæмæй  Балтийы  бæстæты æхсæн  мах уыдыстæм иунæг, чидæриддæр суыдаит Евроцæдисы уæнг, фæлæ  фæстагмæ  разындис, цæмæй  Евроцæдисмæ  алчи  иумæ баиу стæм.  Афтæ ис гæнæн æрцæуа  ацы  цауы дæр. Процесс  ныр райдыдта  Украинайы  хæсты тыххæй, фæлæ  сымах афтæдæр бавдыстат  куыврдиæттæ  æмæ æнхъæлцау процесс сызмæлдзæни.  Ацы момент дзæгъæлы  ма хъуамæ  фесафæм, уымæн æмæ  ай нæ цæуы  æрмæст уый тыххæй  ома  Украинайы  хæст ис, фæдæ  куыд загъдæуыд афтæмæй,    ацы  бæстæты  тынг бирæ  адæймаг у процевропаг, цæрджыты 80-90 процент. Ай нæу  хицауады  хъуыддаг, ацы бæстæты  адæмты  фæнды Евроцæдисы уæнгсуæвын.  Ахъуыды ма кæнут, мах куы райдыдтам, ацы бæрæггæнæн уыдис 15% къаддæрдæр,  йеуæд президент тыхыбын баис  адæмæн  лæмбынæг райхæлдтаит, цæмæй  евроцæдис у  уый, кæцыйæн аргъ скæнын хъæуы æмæ йæ  хъуамæ  сывзарæм.  Афтæмæй,  ай у  хъауджы афон  æмæ  хъаукджы   историтæ.  Ма хъуамæ фесафæм ацы момент, ома ацы бæстæты  цæрджыты фæнды Евроццæдисы  уæнг суæвын» –   райхъусын кодта Эстонийы президент.

Давосы экономикон форумыл ацæугæ дискуссийыл Эстонийы преиздент  афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй  Евроцæдисы кандидаты статусы лæвæрд, символон къахдзæфыл нæ нымайы.  Эстонийы  преизденты аргълæвæрдмæ гæсгæйæ,   Молдовæ, Гуырдзыстон, Украина, æмбарынц  цæмæй  размæцыд у æнæмæнгхъæугæ.

«Евроцæдисы каниддаты статусы лæвæрд мæмсимволон къахдзæфæй нæ кæсы.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  хæст Украинайы  тынг бирæ  цыдæр фæивдта, уый нымæцы  Евроцæдисы  канидадты статусы раттыны  процессмæ гæсгæ дæр.  Хъыгаг у  хæст  бавзарын  кæй бахъуыдис уый,цæмæй ацы  вазыгджын  темæтыл ныхас кæнын райдыдтаиккам.  Фæлæ  не нхъæлын, цæмæй Евроцæдисы кандидаты  статусы раттын  у символон къахдзæф.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ  ацы  бæстæтæ9Молдовæ, Гуырдзыстон, Украина) æмбарынц, размæцыд кæй хъæуы  уый  æмæ  иннæрдгæй,   махæн, Евроцæдисæн  дæр  æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй  нын ма уа  а.х.  фæныкгъуыз зонæтæ  Европæйы æмæ   нæ  сыхы» –  загъта Эстонийы  президент Алар Карис.