Эстонийы премьер- æхст фæурæд нæ нысан кæны, ома оккупацигонд территориты сырдон митæ нал уыдзæн, мах афтæ фæрæдыд ыстæм Гуырдзыстоны, Донбассы, Хъырымæ æмæ нал фæрæдийдзыстæм
Æхст фæурæд нæ нысан кæны уый ома оккупацигонд территоритыл сырдон митæ фæтар уыдзысты, махæн ахæм рæдыд ныридæгæн æртæ хатт уыдис, Гуырдзыстоны, Донбасс æмæ Хъырымы æмæ нал фæрæдийдзыстæм –рауагхдад «Гардиан» куыд фыссы афтæмæй, уый фæдыл Эстонийы премьер-министр Кайю Каллас райхъусын кодта.
Эстонийы премьер фæныхас кодта Украинайы уæвæг уавæрыл æмæ банысан кодта, цæмæй Украинайы Уæрæсейы интервенцийыл реагиркæныны тыххæй, европаг иудзинад мафесафын бонæй-бон зындæр кæны бæрзонд инфляцийы æмæ æргъты тыххæй.
«Гардианы» хъусинагæй, Кайю Каллас афтæдæр скритикæ кодта Францы президент Эмануэл Макроны, Владимир Путинæн конфликтæй дипломатон рацæуæн сифтонг кæныны архайды тыххæй.
«Мах уыцы этапыл стæм, санкцитæ махæн дæр зианхæссæг куы сты. Сæрыфыццагæй, санкцитæ уыдысты уæззау æрмæст Уæрæсейæн. Фæлæ ныр мах æрхæццæ стæм уыцы моментмæ, санкцитæ риссаг куы сты нæ бæстæтæн æмæ ныр фарст ис уый мидæг, цæмæй цас рыст бафæразынмæ стæм цæттæ. Ай хъауджы у æндæр æмæ æндæр бæстæтæн. Иудзинад мафесафын тынг зын у, бæрзонд инфляцийы æмæ энергоресурсты фæзынаргъы тыххæй», – райхъусын кодта Эстонийы премьер-министр.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ «Газ гæнæн ис зынаргъ уа, фæлæ сæрибардзинадæн аргъ кæмæн нæй ахæм у. Сæрибар дунейы цæрæг адæймæгтæ уый реалонæй не мбарынц».