Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министрад де-факто хицауадмæ æрсидтис, гуырдзиаг дохтыр Важа Гаприндашвилийы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæна

12:30, 18.11.2019

Эстонийы   фæсарæн хъуыддæгты  министрад  микроблог  «Твиттеры»  Цхинвалы  оккупацион режимы  ахст дохтыр  Важа Гаприндашвилийы тыххæй  фидиуæн аразы.

Эстонийы   фæсарæн хъуыддæгты министрад  де-факто  хицауадмæ æрсидтис, æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæна   гуырдзиаг дохтыры.

«Сидæм Хуссар Ирыстоны  де-факто  хицауадмæ, æнæаргъæвгæйæ ссæрибар  кæной   гуырдзиаг  дохтыр Важа  Гаприндашвилийы. Эстони   æххæстæй  йæ  фарс хæцы  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинадæн, йæ  æхсæнадæмонæй  нымад арæнты», – дзырдæуы Эстонийы  фæсарæн хъуыддæгты министрады  ахæлиугонд  фидиуæны.

Гуырдызстоны  æмбæстаг, Тбилисы цæрæг дохтыр Важа Гаприндашвилийы  оккупацигонд Орчъосанмæ хæстæг, цалдæр боны размæ  æрцахстой.

Дохтыры  ныхмæ   де-факто режим    тугтæрхоны  барады  хъуыддаг рахаста  рæгъмæ. Цхинвалы   оккупацион режим  дохтыр Важа Гаприндашвилийæн дыууæмæййон развæлгъау  ахст стæрхон  кодта.

Хуыздæр