Эргнеты  инциденттæ  маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты фæлгæтты радон  фембæлд абон ацæудзæн
Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты фæлгæтты радон фембæлд абон ацæудзæн

Эргнеты  инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны  механизмты  фæлгæтты  радæй 113–æм фембæлд абон ацæудзæн.  Хайдисджытæ   оккупацион хаххы  цур,  раззаг фембæлдæй абоны онг   æрцæугæ инциденттæ æркæсдзысты.

Паддзахадон  æдасдзинады  куысты  аналитикон   департаменты  директоры  хæдивæгы, Ираклий Антадзейы   фидиуæнæй,   раззаг  фембæлдау, абон дæр  сæйраг   фарста уыдзæн æнæзакъононæй  æрцахстуæвæг   Гуырдзыстоны æмбæстæгты  ссæрибар кæнын.  Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ   ацы  рæстæгмæ  де-фатко режимы  æнæзакъонон ахсты  сты  Гуырдзыстоны  авд  æмбæстаг.

Æдасдзинадæй  дарддæр ма фарсытæ гуманитарон   фарстатыл дæр фæуынаффæ кæндзысты.

«Абоны фембæлдыл  сæйраг  акцент арызт уыдзæн   æнæзакононæй ахст нæ æмбæстæгты æнæуæлдайныхасæй   ссæрибар кæныны фæдыл. Æркæсдзыстæм   раззаг фембæлдæй абоны  онг æрцæугæ  æнæзаконон бордеризацийы  алы  цаутæ.  Афтæма уыдзæн ныхас  оккупацион хаххы  дæргъмæ сæрибар змæлды æрдгæй  уæвæг  уавæртæ фæхуыздæр кæныныл.

Абоны уавæрæй   авд  æмбæстаг ис  æнæзакъонон ахсты. Æнæзакъонон ахсты уæвæг уæнгты тыххæй куы зæгъæм, кæцыты  тæрхоны процесс  хъуамæ  уыдаит, уæд  уый фæдыл фарсыты фембæлды  фæстæ  нæм уыдзæн информаци», – райхъусын кодта  Ираклий Антадзе.