Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл рагир кæныны механизмы къордты фембæлд
Эргнеты уагъд цæуы инциенттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмы къорды радон фембæлд. Фембæлдыл сæйраг фарста уыдзæн æнæзакъонон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæнын æмæ «бордризацийæ» цы хонынц уыцы факттæ.
Раззаг фембæлдæй абоны онг уырыссаг æфсæддæттæ æнæзакъонон куыстытæ оккупацион хаххы цур Карелы æмæ Гуры муниципалиеттты хъæуты Кнолев æмæ Зардиаанткарийы цур. Ацы рæстæгмæ де-факто режимы æнæзакъонон ахсты Гуырдзыстоны æхсæз æмбæстаг ис.
Гуырдзыстоны цпнтралон хицауады минæвæрттæ ноджы иу хатт æркурдзысты Тамаз Гинтурийы марындзинады хайадисæг уæнгты идентификаци æмæ сæ карз æфхæрд.
«Æркæсдзыстæм раззаг фембæлдæй абоны онг оккупацион хаххы цур фиксиргонд алы инциденты. Адон сты æнæзакъонон бордеризацийы процесс æмæ æнæзаконон æрцахстытæ. Фыццаг январæй абоны онг фондз факт, раззаг фембæлдæй абоны онг та æнæзакъонон бордеризацийы æртæ факт сфиксир ис. Æнæзакъонон æрцахстыты тыххæй куы зæгъæм æд та абоны уавæрæй æнæзакъонон ахсты сты Гуырдзыстоны æхсæз æмбæстаг. Се ссæрибар кæнын та уыдзæн бон фæткы сæйраг темæ. Афтæма æрфæрсдзыстæм цы стадийы ис Тамаз Гинтурийы марындзинады хъуыддаг. Райдыдта æви нæ фæдагуырд æмæ рарагом кодтой æви нæ фыдгæнджыты, уый уыдзæн боны фæткы сæйраг фарста», – райхъусын кодта фембæлды райдайыны размæ ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæг Ираклий Антадзе.