Энтони Блинкен – уырыссæгтæ  НАТО-йæ  цæугæ тасы тыххæй дзурынц, æмæ  йæ сыхы алы бæстæтæм, НАТО нæ фæлæ  Уæрæсе  бабырста
Энтони Блинкен – уырыссæгтæ НАТО-йæ цæугæ тасы тыххæй дзурынц, æмæ йæ сыхы алы бæстæтæм, НАТО нæ фæлæ Уæрæсе бабырста

НАТО-ы хæдигъæфы  хардзтæ райрæзтыстыс, президент  Путин  Украинамæ  куы балæбурдта  æмæ уæдмæ та  уыд  Гуырдзыстон –  уый фæдыл   АИШ-ы падздахадон   нымæрдар  Энтони Блинкен телекуомпани  «Эмэснбисиимæ»  интервьюйы   райхъусын кодта.

АИШ-ы æддæ уагдоны  къухдариуæггæнæгы  дзырдæй, зæгъгæ  алцыппæт  президент Путин  цы  аразы   уыдæттæ  йæ  ныхмæ сты  уыцы  æрæдмадтæн, кæцыйы тыххæй  уый  дзуры цæмæй  уыцы  æрдæм цæуын хъавы.

Энтони Блинкен  афтæдæр банысан кодта, цæмæй   уырыссæгтæ  НАТО-йæ  цæугæ  тасы тыххæй  дзурынц, фæлæ æндæр æмæ æндæр бæстæтæм, НАТО нæ  фæлæ  Уæрæсе  бабырста.

«Уырыссæгтæ  НАТО-йæ  цæугæ тасы тыххæй хъаст кæнынц, цæмæй  НАТО- нæ  балæбурдта Украинамæ;  нæ  ныббырста  Гуырдзыстонмæ, уырдæм Уæрæсе  ныббырста;  НАТО нæ  ныууагъдта  йæ  тыхтæ   Молдовæйы  адæмы  фæнды ныхмæ, Уæрæсе ныууагъдта  уым  йæ  æфсад. Афтæмæй,  кæд  Еврпопæйы  æдасдзинадмæ  исты æртхъирæн ис, уый НАТО-йæ  нæ фæлæ  Уæрæсейæ   цæугæ у» – банысан кодта  Блинкен.