Энтони Блинкен – нæ зонæм куыд айтынг уыдзæн  хæсты  иннæ этап, фæлæ зонæм цæмй  суверенон Украина сенæйыл уыдзæн Путинæй  бирæ фылдæр
Энтони Блинкен – нæ зонæм куыд айтынг уыдзæн хæсты иннæ этап, фæлæ зонæм цæмй суверенон Украина сенæйыл уыдзæн Путинæй бирæ фылдæр

Украинайæн   нæ фарсхæцын  адарддæр уыдзæн, цалынмæ  кæронбæттæн æнтыст нæ фендзыстæм уæдмæ –  уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен Польшæ-Украниайы  арæнгæрон  лæвæрд пресс-конференцийыл   райхъусын кодта.

Энтони Блинкены  фидиуæнæй, зæгъгæ  Уæрæсе архайдта  сæрмагонд æфсæддон тыхты æмæ  экономикæйы хъомад  сбæлвырд кодтаит.

«Уæрæсе  архайдта  Украинайы  суверенитет  æмæ  хæдбарад байсын.  Уый йын нæ бантыст. Архайдта  сбæлвырд кодтаит цас  тыхджын æфсад æмæ  экономикæ йцын ис.   Мах  та  бынтон æндæр уынæм. Нæ зонæм  куыд айтынг уыдзæн  хæсты  иннæ этап, фæлæ  бæлвырд зонæм уый, цæмæй  суверенон,хæдбар Украниа  сценæйыл уыдзæн, Птинæй  бирæ  фылдæр.  Нæ фарсхæцын Украинайæн адарддæр уыдзæн. Дарддæр кæндзæн уæдмæ, цалынмæ  кæронбæттæн  æнтыст нæ фендзыстæм» – райхъусын кодта Блинкен.

АИШ-ы падзахадон  нымæрдар Энтони Блинкен  æмæ  хъахъхъæнынады  нымæрдар  Ллойд Остин  Украинамæ знон ныццыдысты.