Энтони Блинкен - АИШ бæрзонд аргъ кæны Гуырдзыстонимæ стратегион партнерадæн æмæ Гуырдзыстоны лидердзинадæн глобалон æмæ регионон быцæсидтытæ алыгы контексты
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен, Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хуъыддæгты министр Давит Залкалианийæн Афгъанистаны сабырадон мисситы Гуырдзыстоны хайбавæрды тыххæй бузныг дзуры æмæ æмбæлгæ фыстæг йæм æрвиты.
«Иугонд Штатты номæй уæ арфæгæнæг дæн Гуырдзыстон Афгъанистаны гуырдзиаг æфсæддон тыхтæ кæй арвыста, НАТО-ы терроризмимæ тохы æмæ регионон æдасдзинад сфидар кæныны процессы хайбавæрды тыххæй.
2015-2021 азты Гуырдзыстон уыди «Хъæддых æххуысы миссийы» æмæ «Æхсæнадæмон æдасдзинад ифтонггæнæг тыхты» мисситы иуæй-иу сæйраг æфсæддон контрибютор» – дзырæдуы фыстæджы.
Уыимæ ма, паддзахадон нымæрдар бузныг дзуры Афгъанистанæй 2500-йæ фылдæр уæнгы эвакуацийы процессы Гуырдзыстоны ахсджиаг ролы тыххæй.
«Тынг зæрдæрухс уæ стæм æмæ цыт кæнæм уыцы 32 гуырдзиагы нæмттæн, кæцытæ сæхи снывонд кодтой æмæ ма 300 адæймагæн, кæцытæ фæцæф сты нæ иумæаг аргъдзнæдтæ хъахъъхæныны рæстæджы. АИШ тынг бæрзонд аргъ кæны нæ стратегион партнерадæн Гуырдзыстонимæ æмæ Гуырдзыстоны лидердзинадæн глобалон æмæ регионон быцæусидтытæ алыгы контексты. Æнхъæлмæ кæсæм нæ стратегион партнерад адарддæр кæнынмæ нæ иумæйаг интерестæ фæарфдæр кæнынæн» – фыссы Энтони Блинкен.