Энтон Блинкен – АИШ  уромы  95 милуан долларæй фылдæр æххуысы рахицæн, кæцы Гуырдзыстоны хицауадæн пайдаджын уыдаит
Энтон Блинкен – АИШ уромы 95 милуан долларæй фылдæр æххуысы рахицæн, кæцы Гуырдзыстоны хицауадæн пайдаджын уыдаит

АИШ Гуырдзыстоны хицауадæн 95 милуан доллары бæрц æххуысы рауæлдай  фæурæдта.  Уый фæдыл  дзырдæуы АИШ-ы паддзахаон нымæрдары  Энтони Блинкены   фидиуæны, кæцыйы  публикаци кæны паддзахадон департамент.

«23 майы  Гуырдзыстоны хицауады антидемократон архæйдтыты фæстæ, æз райхъусын  кодтон АИШ-ы æмæ Гуырдзысотны æхсæн дыууæфарсон  æмгуыстады æппæтылæххæссæг   æркæсыны фæдыл.   Ацы  æркасты фæстиуæгæн, АИШ уромы  95 милуан долларæй  фылдæры  æххуысы  рауæлдай, кæцы  комкоммæ  пайдаджын уыдаит Гуырдзыстоны  хицауадæн.   Гуырдзыстоны хицауады   антидемократон  арзæйдтытæ  æмæ мæнг фидиуæнтæ   æфхæрæг сты  Евроцæдисы æмæ НАТО-йы  уæнгдзинадæн  нормæтæн.

Нæкæсгæ  уымæ, цæмæй   мах уромæм Гуырдзыстоны  хицауадæн æхуыс ацы  архæйдтыты тыххæй, АИШ адарддæр кæндзæн уыцы  программæты æмæ куыстытæн æххуыс, кæцытæ  пайдаджын сты  Гуырдзыстоны цæрджытæн демократийы, закъоны сæйрагдзинады, хæдбар медиайы æмæ экономикон   райрæзты  стынг кæнынæй.

Нæ дыууæ бæстæйы æмæ нæ æмбæстæгты æхсæн 32 азы  хæлардзинады æмæ партнерады  дæргъы, АИШ-ы  цæрджытæ, 6,2 миллиардæй фылдæр доллары бæрц  æххуыс  адæтта, кæцыйæ йæ хайбавæрд скодта   Гуырдзыстоны эконмоикæйы æмæ демократон институтты   райрæзты æмæ фæтынгы.   Нæ  æххуыс  йæ къух сарызта Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты æмæ донбылхъахъхъæды   сифтонг кæныны æмæ бацæттæйы,  скъолаты æмæ рынчындæтты  саразыны,  æрцæттæ  кодта ахуыргæнджыты,  хицауадон  секторы кусджыты æмæ медицинон персоналы. Баззайдзыстæм гуырдзиаг адæмы æмæ йæ  евроатлантикон  тырнынады  иузæрдыг», –  дзырдæуы Блинкены фидиуæны.