Йенс Столтенбергы 2021  азы  хыгъдлæвæрды  дзырд ис Гуырдзыстонимæ  æмгуыстад стынг кæныны æрдæм арызт къахдзæфты тыххæй
Йенс Столтенбергы 2021 азы хыгъдлæвæрды дзырд ис Гуырдзыстонимæ æмгуыстад стынг кæныны æрдæм арызт къахдзæфты тыххæй

НАТО-йы  генералон  нымæрдары  бавдыст  2021  азы  хыгъдлæвæрды  дзырæдуы   НАТО-йы ауæрæхы  фæдыл. Цæгат-атлантикон  альянсы  официалон  веб-фарсыл    публикацигонд   документы мидæг дзырдæуы, цæмæй альянсы  æмцæдисонтæ  Гуырдзыстон æмæ  Украинайы  НАТО-мæ  фæстагмæ райсты фарсхæцыны иузæрдыг сты.

Хыгъдлæвæрды  афтæдæр дзырдæуы, цæмæй  НАТО-йы  партнерты  кæрæдзиимæ æмбынатиндзинады  инициативæйы фæлгæтты, НАТО сарызта  «ауæрæхгонд  фадæтты» статус, æхсæз партнерæн, сæ нымæцы  Гуырдызстонæн. Фæнысангонд статусæй,  райрæзтис  ацы бæстæты  альянсмæ бафтауыны фадæттæ, афтæдæр   фенцондæри, æфсæддон ахуырты  хайады процесс æмæ гæнæн баис  æдасдзинады  фарстæтыл регулярон   консультацитæ  ауадзын.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, æмцæдисон æмæ  партнер бæстæтæй  35  эксперт разы  уыд   2021  азы  НАТО_Гуырдзыстоны  архайадон  пакеты сыххæст кæнын.

Гуырдзыстон 2021  азы  июлы онг хайад иста Афгъанистаны  НАТО-йы   «хъæддых æххуысы» миссийы.  Стæй  баххуыс ис  Афгъанистанæй  эвакуацийы  процессæн куыд транзитон  пункт,  60-йæ фылдæр  рейсæн  æмæ  5 000 эвакуацигондæн. Гуырдзыстон афтæдæр дарддæр кодта  НАТО-йы  реагиркæнынады  тыхты  хайбавæрд.