Йенс Столтенберг сиды, цæмæй Украинайы хæст бадзырдты бындурыл фæуыдзæн
Йенс Столтенберг сиды, цæмæй Украинайы хæст бадзырдты бындурыл фæуыдзæн

Йенс Столтенберг сиды, цæмæй Украинайы хæст бадзырдты бындурыл фæуыдзæн

Хæсттæ тынг тæссаг сты, рæдыдтытæ цæуы – уый фæдыл ВВС-мæ интервьюйы НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Стлтенберг  Польшайы æрцæугæ цауты фæдыл расидтис.

Журналистты фарстайыл, цахæм у уæлахиздзинад æмæ куыд уыны Уæрæсейы  ахызты стратеги, Столтенберг банысан кодта, цæмæй йæ хъуыдымæ гæсгæ, хæст бадзырдты бындурыл фæуыдзæн.

«Мах хъуамæ зонæм, уый у агрессивон хæст, кæцыйы Уæрæсе бабырста æндæр бæстæмæ. Мах фæнды сабырад æмæ рахизæн бадзырдты фæндагæй у, фæлæ хъуамæ æмбарæм, цæмæй кæд æмæ Уæрæсе æмæ президент Путин фæуромдзæн тох æмæ Украина фæуромдзæн тох, уыдзæн сабырад. Кæд президент Зеленски фæуромдзæн хæст, уæд Украина паддзахад нал уыдзæн», -расидтис Столтенберг.

Фарстайыл, хъуыды кæны æви нæ НАТО, цæмæй Уæрæсе æмæ Украинайы æхсæн бадзырты фæдыл æскъуыддзаг тагъд хъуамæ æрцæуа ист, Столтенберг расидтис, цæмæй НАТО адаргъ кæндзæн Украинайы фарсылхæцындзинад тохы быдырыл, Киевæн хæцæнгарзы лæвæрдæй æмæ нысан кæны, цæмæй æрмæст Украинайæн у йæ бон аскъуыддзаг кæна, кæд æрлæудзæн бадзырдты рæстæг.