Йенс Столтенберг -  Путин ацы хæстæй куы фæхата, цæмæй  йæ бон у  адарддæр кæна йæ архæйдтытæ, Гуырдзыстонимæ хæстыы æмæ  стæй Хъырымы  оккупацийы фæстæ, уæд нын бирæ зынаргъдæр сбаддзæн
Йенс Столтенберг - Путин ацы хæстæй куы фæхата, цæмæй йæ бон у адарддæр кæна йæ архæйдтытæ, Гуырдзыстонимæ хæстыы æмæ стæй Хъырымы оккупацийы фæстæ, уæд нын бирæ зынаргъдæр сбаддзæн

Путин ацы  хæстæй  куы фæхата, цæмæй  йæ бон у  адарддæр кæна йæ архæйдтытæ, 2008 азы  Гуырдзыстоны  фæстæ  куыд ракодта  æмæ  стæй 2014 азы Хъырымæ  оккупацийы фæстæ, уæд  нын бирæ  зынаргъдæр сбаддзæн – райхъусын кодта НАТО-йы  генералон  нымæрдар Йенс Столтенберг,  немыцаг рауагъдад  «Билдимæ» интервьюйы.

«Ничи зоны  цас  аххæсдзæн  ацы  хæст.  Хъуамæ  цæттæ уæм уымæ, цæмæй йæ азтæ бахъæуа. Украинайæн æххуыс ма хъуамæ  бауромæм.  Йеуæд дæр, кæд  хардзтæ  бæрхонд сты  æнæрмæст æфсæддон æххуысæн фæлæ ма  энергийы æмæ  хæлцады  аргъты  рæзты тыххæй.  Фæлæ  уый сбарын нæй гæнæн уыцы аргъимæ, кæцыйы  фидынц  украинæгтæ æрвылбойнонæй.  Путин ацы  хæстæй  куы фæхата, цæмæй  йæ бон у  адарддæр кæна йæ архæйдтытæ, 2008 азы  Гуырдзыстоны  фæстæ  куыд ракодта  æмæ  стæй 2014 азы Хъырымæ  оккупацийы фæстæ, уæд  нын бирæ  зынаргъдæр сбаддзæн», – загъта Столтенберг.

НАТО-ы генералон нымæрдары фидиуæнæй, Уæрæсе  нал у партнер æмæ тæссаг у альянсы  æдадсзинадæн, сабырадæн æмæ стабилондзинадæн.

Столтенбергы дзырдæй, Путин  хъуамæ зонæт, цæмæй атомон хæсты нæ фæуæлахиз уыдзæн æмæ йæ ма хъуамæ  сцырын кæнæд.