Йенс Столтенберг – НАТО-ы  уæнг  бæстæты  министртæ,  кæсынц, куыд  хъуамæ  стынг уа Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинайæн практикон æххуыс
Йенс Столтенберг – НАТО-ы уæнг бæстæты министртæ, кæсынц, куыд хъуамæ стынг уа Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинайæн практикон æххуыс

НАТО-йы уæнг бæстæты министртæ фæуынаффæ кæндзысты, цæмæй куыд хъуамæ  стынг уа  Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинайæн  практикон фарсдарын – уый фæдыл  НАТО-йы  генералон  нымæрдар, Йенс Столтенберг,райсоммæ Брюсселы  плангонд   хъахъхъæнынады министрты  фембæлды  агъоммæ  лæвæрд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.

«Министртæ  æркæсдзысты, цæмæй  куыд  хъуамæ  стынг кæнæм Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинæйæн  практикон æххуыс.  Уыдон сты  НАТО-ы æрдæр  аккаг   партнеры, кæцытæ Уæрæсейы  тасы раз  лæууынц», –  райхъусын кодта Йенс Столтенберг.

Афтæма йæ  дзырдæй, министериалыл НАТО-ы  уæнг бæстæты хъахъхъæнынады министртæ  фæуынаффæ кæндзысты  цæгат-атлантикон  альянсы хъахъхъæнынады æмæ  уромсынхъомад стæрхонддæр  кæныныл, индустрион  фадæттæ   стынг кæныны æмæ критикон   инфраструктурæ бахъахъхъæдыл.

Столтенберг, афтæдæр бахахх кодта Украинайæн  фарсдарыны  нысаниуæг.

«Хъуамæ адарддæр  кæнæм Украинайæн  уый дæттын, кæцы сæ  хъæуы  уæлахиздзинадæн, рæстаг æмæ  æнæцудгæ  сабырдзинад сфидар кæнынæн», –   райхъусын кодта генералон нымæрдар.