Йенс  Столтенберг -   НАТО-ы  патнертæн  фарсхæцын нæу Уæрæсемæ  æртхъирæн, фæлæ  уый  партнерты  иргъæфхъомад  тыхджын кæны  агрессийæ
Йенс Столтенберг - НАТО-ы патнертæн фарсхæцын нæу Уæрæсемæ æртхъирæн, фæлæ уый партнерты иргъæфхъомад тыхджын кæны агрессийæ

НАТО-йы  генералон нымæрдар Йенс  С Толтенберг   хъусын кæны,  ома  патнертæн  фарсхæцын нæу Уæрæсемæ  æртхъирæн, фæлæ  уый  тыхджын кæны   партнерты  иргъæфхъомад  агрессийæ.

Ацы фидиуæн  Йенс  Столтенберг сарызта Лиетувæйы, цы ран уый  еврокомиссийы  презиент  Урсула фон ер Лайенимæ иумæ  ныццыд.

ЙÆ ралæуды  Столтенберг    хъусдард  раздхта   Украинайы арæнтæм хæстæг  Уæрæсейы разджын  тыхты  концентрацийы æрдæм. НАТО-ы генералон нымæрдар  Гуырдзыстоны  кой  дæр ракодта.

«Афæлгæстам   Уæрæсейы  агрессивон æмæ  æнæраæстга  æфсæддон мобилизаци   Украинайы  арнæты цур.  Æрсидтыстæм   Уæрæсемæ,  цæмæй  уа  æргом,  ивтыгъд  суадза   ныттынг  уавæр.  НАТО-йы   æххуыс кæнæм   нæ æмцæдисонтæн алкæмæн, æмæ цæттæ стæм  адарддæр кæнæм  нæ партнер Украинайы   политикон  æмæ  практикон æххуыс.   НАТО-ы  фæсарæн   хъуыддæгты мнистртæ  сымбæлдзысты  дыццæджы Ригайы.   Аргъ скæндзсты   æдадсзинады уавæрнæн, уый нымæцы  украинаг  æмæ  гуырдзиаг коллегæтимæ.  Нæ партнертæн нæ фарсхæцын  нæу  Уæрæсемæ æртхъирæн æмæ   ацы æххуысæй  партнерты иргъæфхъомад  тыхджындæр кæнæм»- райхъусын кодта НАТО-ы  генералон нмыæрдар.

Столтенберг  ма  бафтыдта, ома НАТО æмæ Евроцæдис, æввахс  фидæны  бафысдзысты  æмгуыстады  ног иумæйаг  деклараци.