Йенс Столтенберг – НАТО-йæн, Гуырдзыстон æмæ Украина сты аргъджын партнертæ
Йенс Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон æмæ Украинæ НАТО-йæн сты аргъджын партнертæ. Уый фæдыл фидиуæн, цæгат-атлантикон альянсы генералон нымæрдар сарызта пресс-конференцийыл Брюсселы.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ ацы дыууæ бæстæ, НАТО-йæн ахсджиаг партнертæ сты, уымæн æмæ альянсы мсситы исынц хайад, æрмæст Сау Денджызта альянсæн стратегион нысаниуæгджын регшион у.
«НАТО-йæн партнерад иттæг нысаниуæгджын у. Гуырдзыстон æмæ Украина сты альянсы аккаг партнертæ. Семæ æмгуыстад бирæ цæмæй дæр тынг ахсджиаг у НАТО-йæн. Дыууæдæр падзахад исынц хайад альянсы мисситы æмæ операциты. Афтæма иурæстæгонæй НАТО-йæ тынг ахсджиаг у Сау денджызы регион, кæцыйы стратегион нысаниуæг райрæзтис. Уый тыххæй дæр, апхæм партнертимæ кусын, цахæм дæр сты Гуырдзыстон æмæ Украина, семæ дискусситæ æмæ сæм хъусын, НАТО-ы 2030 азты стратегийы ахсджиаг хай у»- фехъусын кодта Йенс Столтенберг.
НАТО-йы генералон нымæрдары пресс-конференци, альянсы хъахъхъæнынады министрты фембæлдæн нывонд уыд, кæцы 22-23 октябрмæ у пълангонд.