Йенс Столтенберг - Мах баххуыс кæндзыстæм æмæ йæ  фарс рхæцдзыстæм  Гуырдзыстонæн  НАТО-йы уæнгсуæвыны  фæндагыл
Йенс Столтенберг - Мах баххуыс кæндзыстæм æмæ йæ фарс рхæцдзыстæм Гуырдзыстонæн НАТО-йы уæнгсуæвыны фæндагыл

Сау Денджызы  регион НАТО-йæн иттæг   нысаниуæгджын у.  Махæн уым æртæ бæстæ ис – Румыни, Борлгари, Турк. Стæй  нын ис  дыууæ  тынг ахсджиаг партнер, Гуырдзыстон æмæ Украина – уый фæдыл   НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг, Брюсселы, альянсы фæсарæн хъуыддæгты министрты  фембæлдыл райхъусын кодта.

Афтæдæр йæ ныхæстæм  гæсгæ,  НАТО фæстаг азты, Сау Денджызы  сæрмагонд минæварад   райрæзын кодта.

«Цæугæ  азы  апрелы мах  æрныхас  кодтам пакетыл, цæмæй   ауадзæм фылдæр ахуыртæ,  райрæзын кæнæм  информацийы  баивд.  Цæгат-атлантикъон  совет   цъус рæстæг   размæ  Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис.  Афтæдæр ныццыдыстæм Украинамæ, сæрмагондæй  та  Одессамæ. Æмкуыст кæнæм  гуырдзиаг донбыл хъахъхъæды  куыстимæ,  афтæдæр Украинайы  денджызон флоты  академийы   минæварадимæ.  Афтæмæй,  Сау Денджызы  регионы нæ партнертимæ, Гуырдзыстон æмæ  Украинаимæ, интенсвиоæй  кусæм.  Сидын  æмцæдисонтæм, цæмæй  уыдоны  сифтонг  кæнæм  хъæугæ  ресурстæй.   Бауырнæнт нæ, цæмæй  бирæ  практикондæр  æххуыс  кæнæм уыдонæн» –  райхъусын кодта Йенс Столтенберг.

Афтæма, Йенс Столтенберг банысан кодта, ома  НАТО  баххуыс  уыдзæн  æмæ йæ  фарс рахæцдзæн Гуырдзыстонæн,  альянсы  уæнгсуæвыны  фæндагыл.

«Мах баххуыс кæндзыстæм æмæ йæ  фарс рхæцдзыстæм  Гуырдзыстонæн  НАТО-йы уæнгсуæвыны  фæндагыл. Растдæр  уый тыххæй  æххуыс кæнæм уыдонæн  хъахъхъæнынады æмæ æдасдзиналы институтты  модернизацийы хъуыддаджы, реформæты  сæххæсты. Растдæр уый  у  Гуырдзыстоны  НАТО-йы  минæварады  нысан»-  райхъусын кодта Йенс Столтенберг.