Йенс Столтенберг – кусæм, куыд нæ бон у фылдæр баххуыс кæнын гуырдзыстонæн  æн партнерады ноджы стынгдæр кæнынæн
Йенс Столтенберг – кусæм, куыд нæ бон у фылдæр баххуыс кæнын гуырдзыстонæн æн партнерады ноджы стынгдæр кæнынæн

Кусæм, цæмæй   куыд нæ бон афтæ  фылдæр бахуыс кæнæм Гуырдзыстонæн нæ   парнерады   ноджы  стынгдæр кæнын – уый фæдыл НАТО-ы   генералон нымæрдар   Йенс Столтенберг   райхъусын кодта.

Афтæма  йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министримæ  уыдис  тынг дзæбæх   конструкцион фембæлд.

«Знон фембæлдтæн Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министримæ.  Уый афтæдæр хайад райста   знон изæры фембæлды.  Æмцæдтсонтæ  æмæ  сæрмагондæй  мæхæдæг   бахахх кодтон  уыцы æмсцæдисонты   политикон   æмæ практикон   фарсхæцын стынг кæнын æнæмæнгхъæугæ кæй у, кæцытæ  æнæхъахъхъæд сты  Уæрæсейы  хифæкæнынæй.   Цæй зæгъын æй хъæуы Гуырдзыстон ис  сæ нымæцы, уымæн æмæ Гуырдзыстон  нырид бавзæрста  Мæскуыйы æрдгæй   æфсæддон интервенцийы  фæстиуджытæ, уый уыдис 2008 азы.

Уымæ æмбæлгæйæ,   ныр кусæм, цæмæй   куыд нæ бон у  фылдæр  баххуыс кæнын Гуырдзыстонæн  нæ партнерад  стынгдæр кæнынæн.  Тынг конструкциион  æмæ дзæбæх  фембæлд уыд   Гуырдзыстоны  хъахъъхæнынады министримæ. Æмцæдисонтæ  афтæдæр равдыстой  нæ   хæстæг партнеримæ, Гуырдзыстонимæ æмгуыстад стынг кæнын кæй  хъæуы  уый.  Кæронбæттæн уынаффæ райст   баст у  саммитыл.  Фæлæ æнхъæлмæ кæсын,  лидертæ  куы æрымбырд уыдзысты, уыдон   сбæлвырд кæндзысты  нæ  гом дуары  политикæ æмæ   райхъусын кæндзысты  уый, кæцы ныры онг Бухаресты саммиты  фæстæ дзырдта Гуырдзыстоны æмæ НАТО-ы  уæнгдзинады тыххæй» – райхъусын кодта Столтенберг.