Йенс Столтенберг -  Гуырдзыстон НАТО-ы   уникалон   партнер у  æмæ нæ партнерад  егъауæй егъау дæр кæны
Йенс Столтенберг - Гуырдзыстон НАТО-ы уникалон партнер у æмæ нæ партнерад егъауæй егъау дæр кæны

Гуырдзыстон  НАТО-æн  аргъджын партнер  у –  уый фæдыл НАТО-ы  генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, Гукырдзыстоны  президен Саломэ Зурабишвилиимæ   фембæлы  фæстæ райхъусын кодта.

Столтенберг  Саломэ Зурабишвилийæн Гуырдзыстоны президентæй сæвзæрст  раарфæ кодта.   Афтæдæр банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон Афгъанистаны НАТО-йы миссийы   иуæй-иу  ставддæр  контрибютор у.

Альянсы генералон нымæрдары  аргълæвæрдæй,   НАТО-Гуырдзыстоны  архайадон пакет æмæ  иумæйаг центр Гуырдзыстоны  хæдиргъæфхъомад тынгдæр кæны.

«Абоны фембæлдыл   баныхас кодтам,  цæмæй  адарддæр кæнæм куыст  Гуырдзыстоны  НАТО-йы  фидæны уæнгсуæвынмæ бацæттæ  кæнынæн.  НАТО-Гуырдзыстоны   архайадон пакет  нæ  иумæйаг  центр тынгдæр кæны   Гуырдзыстон хæдиргъæфхъомад. Райгонд стæм  прогрессæй, кæцымæ æрцыд Гуырдзыстон   реформæты  ауадзыны  æрдгæй.  Сæрмагондæй   банысан кæнин   æдасдзинад  æмæ   хъахъхъæнынады  фылдæр  эффективон  институтты,  гарзджын тыхты  модернизаци.  НАТО æнцой дары ГУырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн  æхсæнадæмон  нымадмæ ист арæнты  фæлгæтты,   кæцыйы  скондмæ хауынц  Хуссар Ирыстон æмæ   Абхаз» – райхъусын кодта Йенс СТолтенберг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   НАТО-сиды  Уæрæсемæ   фæмацы  кæна   банысангонд   регионты банымад æмæ  ракæна  йæ  æфсад  Гуырдзыстоны дыууæдæр регионæй.

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  абон НАТО-ы   генераалон   нымæрдар  Йенс Столтенбергимæ,  Брюссельмæ  визиты фæлгæтты фембæлд.