Йенс Столтенберг – Бухаресты æргомæй загътам, цæмæй  Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг, фæлæ конкретон датæ не сбæрæг ис, датæйыл ныхас абон дæр нæ уыдзæн
Йенс Столтенберг – Бухаресты æргомæй загътам, цæмæй Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг, фæлæ конкретон датæ не сбæрæг ис, датæйыл ныхас абон дæр нæ уыдзæн

Бухаресты  æргомæй загътам, цæмæй  Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы  уæнг, фæлæ  конкретон датæ  бæрæг нæ уыд  æмæ  датæйыл  ныхас  абон дæр  нæ уыдзæн, – –  уый фæдыл  НАТО-ы  генералон нымæрдар Йенс Столтенберг  Маршалы  фонды Брюсселы форумыл   райхъусын кодта.

Уыимæ иумæ, цæгаталантикон альянсы  генералон нымæрдары фидиуæнæй,   Сау Денджызы  регионы  НАТО-йæн ис  тынг  нысаниуæгджын партнертæ – Гуырдзыстон æмæ Украина,  кæцытимæ  альянс  æмгуыстад тынг кæны.

Фарстыл  зæгъгæ æнхъæлмæкæсинаг  у æви нæ  картæ Гуырдзыстонæн æввахс фидæны,  Йенс Столтенберг  дзуапп  ратта, цæмæй НАТО-ы дуар гом у зæгъгæ, фæлæ конкретон  æмгъуыдтыл  ныхас нæ план кæны.

НАТО-ы  генералон  нымæрдар  афтæдæр  банысан кодта, цæмæй альянс  Уæрæсеимæ конфликты превенци скæнын бацархайдзæн.  Столтенбергы дзырдæй,   зæгъгæ  превенци хъуамæ  бантыса, цæмæй мауал сфæлхатт уа Украина æмæ Гуырдзыстоны ныхмæ цы  уыдис уый.

«Уырны мæ, цæмæй  НАТО-ы  æмцæдисонтæ   та  сбæлвырд кæндзысты уынаффæтæ, кæцытæ мах рахастам уæдмæ, сæ нымæцы  Бухаресты саммиты уынаффæ, кæцыйæ мах  æргомæй загътам цæмæй Гуырдзыстон суыдзæн  НАТО-ы  уæнг, фæлæ конкретон датæ бæрæг нæ уыд æмæ датæйыл ныхас  абон дæр нæ уыдзæн.  Фокусиргонд стæм реформæтыл, Гуырдзыстонæн æххуыс стынг кæныныл, йæ иргъæфхъомады æмæ æдасдзинады институтты стынг кæныныл. Нæ сигнал у ахæм, НАТО-ы дуар гом у. Æрмæст аспирант бæстæ, Гуырдзыстон æмæ 30 æмцæдисон хъуамæ ахицæн кæной  альянсы ауæрæхкæныны  фарста.  Уæрæсемæ нæй бар, йæхи фæтъысса  ацы процессы.  Кæцыфæнды бæстæйы  суверенон бар у, сæрмагонд  фæндаг йæхæдæг сывзара, уый нымæцы,  цæмæй  кæцы  æдасдзинады структурæйы хайæ йæ  фæнды уа», – банысан кодта Столтенберг.