Йенс Столтенберг Гуырдзыстонмæ 18 марты фæуазæг уыдзæн
Йенс Столтенберг Гуырдзыстонмæ 18 марты фæуазæг уыдзæн

Цæгататлантикон  альянсы  генералон нымæрдар   Йенс Столтенберг  æввахс  фидæны Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн.   Ацы  фидиуæн  Йенс Столтенберг  абоны  пресс-конференцийыл  сарызта.

«Гуырдызстон НАТО-йæн  аргъджын  партнер  у.  Фидар нæ  уырны  Гуырдзыстонæн, афтæ куыд Европæйы  алы бæстæйæн, ис бар, сывзара  йæ фæндаг.  Гуырдзыстоны цалдæр хатт уыдтæн, нæ партнерады  фидæны  стынг кæнынæн   бæстæмæ  æввахс фидæны   ноджы  фæуазæг уыдзынæн.  Ме рвитæггаг  Гуырдзыстонмæ  уыдзæн  реформæтæ, кæцы  кæй  зæгъын æй хъæуы  нысаниуæгыджын у.   НАТО бындурæвæрд у  аргъдзинæдтыл – демократи,  закъоны сæйрагдзинад – æмæ  нысаниуæгджын у, цæмæй  Гуырдзыстон, евроаталантикон  интеграцийы фæндагыл  ацы  стандарттæм æмбæлон уа  » –  райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.