«Эмпатийы» хатдзæг – Арчил Татунашвилийы, Цхинвалы, æндæр æмæ æндæр методтæй хъизæмарæй амардтой
Хъизæмары амæттæгты реабилитацийы центры «Эмпатийы» экспертты къорд, 10 эксперты скондæй, Арчил Татунашвилийы хъизæмары æмæ тыхмидзинады фæстиуæгæн мæлæты фактмæ гæсгæ комплексон-комиссион тæрхонон экспертизæ кæронмæ сæххæст кодта. Организацийы хъусын кæнынц, цæмæй æхсæнадæмон стандартты «Стамбулы Протокол», «Минесотайы Протокол» Дунейы æнæнимзхъахъъхæды организацийы, мæлæты аххос рабæрæг кæныны æхсæнадæмон гайд-лайны æмæ низты æхсæнадæмон классификацийы, дæсæм ногæй æркастмæ æмбæлгæйæ.
«Эмпатийы» куыд хъусын кæнынц афтæмæй, фæнысангонд хатдзæгæй сбæлвырд ис, цæмæй Арчил Татунашвили Цхинвалы ахсты рæстæджы, æндæр æм æндæр методтæй хъизæмарæй мардтой, кæцыйы фæстиуæгæн Арчил Татунашвили амард.
Хатдзæгы мидæг ис бирæ бæлвырдгæнæн, Татунашвили Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ хъасты хъуыддаджы, кæцыйы æрцæттæ кодта центр «Эмпатий» æмæ 22 августы адæймаджы барты Европæйаг Тæрхндонмæ арвитдзæн евроконвенцийы 2-æм (Царды бар), 3-æм (Хъизæмары тобæ), 5-æм (Сæрибардзинады бар), 8-æм (сæрмагонд æмæ бинонты цардæн цыт) æмæ 13-æм статиты (эффективон мадзал) хæлды тыххæй.
Цыдæриддæр та Арчил Татунашвилийы хъизæмары фактыл «Эмпатийы» комплексон-комисион тæрхонон экспертизæмæ æххæссы, уым экспертты къорды аргълæвæрдæй, Арчил Татунашвилийы буарыл зындис 100-йæ фылдæр травмон æвхæлцы фæд: тугдæппæлтæ, рахис къухы 4-æм æнгуылдзы сæйраг фалангæйы гом саст, бирæнымæцон фæтæн тугдæппæлттæ (20æй фылдæр/ буары æндæр æмæ æндæр ран æмæ сæ фоныл хаххы формæйы тугдæппæлттæ (46 къаддæр нæ), тугдæппал сæрыл, афтæдæр бирæнымæцон тугдæппæлттæ йæ бауры æндæр æмæ æндæр рæтты (38-æй фылдæр), кæцыйæ бæлвырд кæны, цæмæй йæ надтой, рысты æмæ хъизæмары нысанæй, къордонæй – цалдæр адæймагæй.
Алы бавдыст экспертон хатдзæгмæ гæсгæйæ, травмон æвхæлцытæ фæбæрæг сты Арчил Татунашвилийы æппæт буарыл, зæгъæн ис алы ран, сæ нымæцы йæ сæры æмæ æрдон оргæнтыл. Уый цæмæй æнæхъæн буарыл хæст сты, æндæр æмæ æндæр æрдгæй æмæ иу ран цалдæр фæлхатгæ цæфты фæды амоны, (афтæ дæнцæн, дыууæ дæр къухыл бавдыст хъæдгæмттæ, æрдон оргæнты базиан, афтæдæр фæсонты, къабæзты, лæбæз æмæ фæрсты зиæнттæ) цæфтæ/рæхуыстыт барæй кæй уыдысты уый, кæцыты нысан уыдис, фидар рыст æмæ хъизæмар расайын æмæ нæй гæнæн, нымадмæ ис цæуа куыд хъæбæр мигæнæнтыл æнæнхъæлæджы сæмбæлд кæнæ асинтыл фæкæлыны фæстиуджытæ.
«Уæдæ бæлвырд цæуы, цæмæй 2018 аз 22 февралы, Цхинвалы кантролы дæлбар уæвæг паддзахадон уагдоны, прокуратурæйы кæнæ æдасдзинады куысты изоляторы, сæ барадхъахъъхæнджыты æрдгæй сфиксир ис, Арчил Татунашвилийы ныхмæ фидар физикъон æмæ уымæ æмбæлгæйæ психикон травмæтæ фæхæссыны архайд, уымæй басæттыны фæдыл æвдисæндзырд райсыны нысанæй, кеæцыты фæстиуæгæн адæймаг цардæй ахицæн ис, фæнысангонд ИНО-йы « хъизæмары æмæ дурзæрдæ, æнæадæймагон кæнæ джелбетт æфхæрæг ахасты æмæ æфхæрды ныхмæ Конвенцийы» фыццаг статимæ гæсгæйæ, нымад цæуы адæймаджы хъизæмарæй марыныл» – банысангонд у хатдзæгы мидæг
Ацы хатдзæгæй, хъизæмары рæстæджы пайда кодтой ахæм методтæй – фыднад кæнын, фæлхатгæ цæфтæ буары æппæт уæлцъарыл, сæрмагондæй та къухты æмæ галиу зæнгыл (хъæдгæмттæ), хъæбæр гуылмыз мигæнæнæй æххæст буар уæлцъарыл (зæгъæн ис буары 2/3-æй фылдæр зиангонд у), фиксаци – æнæфизиологион уавæры уæвын, сексуалон хъизæмар – æрдон оргæнты базиан. «Хъизæмары инструменттæй идентифициргонд сты: полицион лæдзæг «дубинка», афтæдæр иу бынатыл фиксацийы тыххæй хъадамантæй, æрмæст нæмынæн та, автоматы, æндæр æхсæнгарзы топпысыдз æмæ хæтæл, кæнæ æндæр цилиндрон формæйы хъæбæр гуылмыз мигæнæнтæй нæмын. Гæнæн ис æрдон оргæнты баздухын кæнæ бацъистæй базиан кæнын»- банысангонд у хатдзæгы мидæг.