Йемены хицауадон тыхтæ растгæты кантролгонд сахар Ходейдайы портмæ бырсæнцыд райдыдтой
Йемены  хицауадон тыхтæ  растгæты  кантролгонд   сахар   Ходейдайы  портмæ  бырсæнцыд райдыдтой

Йемены  хицауадон тыхтæ  растгæты  кантролгонд   сахар   Ходейдайы  портмæ  бырсæнцыд райдыдтой.

Хицауадон  æфсæддон  хайадты сурзæххон  операцийæн æххуыс кæны  Сауды Аравийы сæрдариуæгæй архайæг коалици, уæлдæфон æмæ денджызон тыхтæй.

Сауды  Аравийы  хъусын кæнынц, цæмæй  шиитаг  хуситтæ  Ходеидайы  портæй  пайда кæнынц  ирайнаг  хæцæнгарзы контрабандæйы тыххæй.

Сахары 600 мин адæймаг цæры.  Бомбæтæ калд  уый фæстæ райдыдта,   хицауадон тыхтæ  растгæтæй  порт ныууадзын куы æрдомттой æмæ  сын æмгъуыд  куы снысан кодтой уæд.  Растгæ  шиитаг  хуситты    кантролгонд порт, хæстæй  скуынæггонд бæстæйы цæрджытæн  гуманитарон  æххуысы  расынæн  сæйраг бынат у.

Конфликты фæстиуæгæн  зианбаййафæг  бæстæйы  8 милуан  адæймаг, стонг æййафынц.