Йемены Ираны минæварадыл сæххæст ракетон хафт
Йемены Ираны минæварадыл сæххæст ракетон хафт

Йемены сæйраг сахар Санаайы, Ираны  минæварады сæххæст ракетон  бырст.  Информацийы  уый фæдыл  хъусын кæны  агентад «Reuters».

Агентады информацимæ гæсгæ, бырсты  фæстиуæгæн минæварадыл бафтыд арт. Ацы рæстæгмæ  нæу бæрæг,  кæцы  фарс  сæххæст кодта  ракетон бырст.  Афтæма нæу бæрæг,  уыдысты æви нæ   минæварады  мидæг ирайнаг дипломаттæ  инциденты  рæстæджы.

Йемены  нырид 3 аз  у  гарзджын конфликт   дарддæр кæны.  2015 азы  шиит растгæтæ –  хуситтæ  Йемены  сæйраг сахар Санаа бацахстой.  Архайæг президент  бæстæйæ  алыгъд  Сауды Аравимæ.

Ныр Йемены иу  хайы кантрол кæнынц  растгæтæ,  иннæ хайы та   хицауадон тыхтæ.  Йемены  хицауадæн,  Сауды Аравийы  къухдариуæгæй  архайæг  арабаг коалици  æххуыс кæны ааиваицион  хафтытæй,  Хусит  растгæтæн та йæ фарс хæцы  Тегеран.

Хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн бæстæйы сырæзт уæззау  гуманитарон   кризис.