Эмануель Макрон 26-æм майы фæдыл Саломе Зурабишвилийæн фыстæг æрвиты
Эмануель Макрон 26-æм майы фæдыл Саломе Зурабишвилийæн фыстæг æрвиты
Францы президент Эмануель Макрон Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвилийæн фыстæг æрвиты.
«Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны фæдыл æхсызгон мын у раарфæ уын кæнон сымахæн æмæ æнæхъæн гуырдзийаг адæмæн бæркад æмæ сабырад. Æртæ мæй у, Европайы континент æнхъары Уæрæсейы æрдыгæй суверенон бæстæйы, Украинайы ныхмæ агрессивон хæст. Ацы бабырсты раз, кæцы зиан хæссы нæ континенты æдасдзинад æмæ стабилондзинад. Æнæмæнг у европон бинонтæ иудзинад бахъахъхъæной. Украинаг адæмы фарсылхæцындзинадæй уыдзæн уый уæ территорийыл уæвæг лыгъдонты райстæй, кæнæ та гуманитарон æххуысы лæвæрдæй, гуырдзийæгтæ сбæлвырд кодтой иузæрдæдзинад мах æрдæм. Гуырдзыстонæн ноджы иу хатт ссис йæ бон бавдиса демократийы фæндагы æрдæм иузæрдæдзинад æмæ ныр бавдыста уæнгдзинады фæдыл документы дыккаг хай. Нысаниуæгджын у, цæмæй бæстæ йæ фарсыл рахæца санкциты европон политикайæн æмæ бахъыгдара санкциты режимы ма сыххæстæй.