Элизабет Руди - æхсæнадæмон æмгарады алы уæнг баиу уа Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты сæрыл рахæцынæн
Элизабет Руди - æхсæнадæмон  æмгарады  алы уæнг  баиу уа  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты сæрыл рахæцынæн

Æхсæнадæмон  æмгарады   алы  уæнг  хъуамæ  баиу уа  Гуырдзыстны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты   фарс рахæцынæн, афтæ   куыд  кæны АИШ-æ æмæ   æмгарады  алы  уæнг аразы –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны АИШ-ы   минæвары хæстæ æххæстгæнæг  Элизабет Руди,Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады расидтис,   цы ран   оккупацигонд Абхазийы æмæ  «Хуссар Ирыстоны»  «хæдбарад» Сирий  кæй  банымадта  уыцы  фарстыл  уагъд æрцыд дипломаттимæ фембæлд.

Элисабет Руди  хъусын кæны, цæмæй  сидынц  Сиримæ, афтæдæр Уæрæсейы Федерацимæ, Никарагуамæ,  Венэсуэлаæ æмæ  Наурумæ,  фæстæмæ  аздахой  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территориты  хæдбардзинады нымадмæ   райст, куыд  а.х. хæдбар паддзахадтæ.

«Абхазий æмæ «Хуссар Ирыстон»  сты  Гуырдызстоны суверенон  территорийы  æнæдих хай.  АИШ-æ ацы регионты   хæдбарады  нымадмæ райсты,  нымайы  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад  фехалыныл.  АИШ-æ  нæ разы  кæны  ацы регионты  а.х. хæдбарадимæ Сирий  кæй  сразы ис  уыимæ  æмæ  сидæм Сиримæ, афтæдæр Уæрæсейы Федерацимæ, Никарагуамæ,  Венэсуэлаæ æмæ  Наурумæ,  фæстæмæ  аздахой  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территориты  хæдбардзинады нымадмæ   райст, куыд  а.х. хæдбар паддзахадтæ.

Афтæдæр , хахх кæнын, цæмæй  ис  конкретон  фæстиуджытæ  дæр, кæцы АИШ-ы   скуыддзагæй, ахæм   разыдзинæдтæй  ратæдзы.  Мах афтæдæр  сидæм  Уæрæсейы Федерацимæ,   фæстæмæ аздæха   ацы регионты  «хæдбарадимæ»   разыдзинад.

Нæ зонын, цы гæнæн ис  равзæра  ай  фæдыл, фæлæ  зæгъдзынæн, цæмæй ныридæгæн ис  АИШ-ы   закъондæттынадæй  бæрæг къахдзæфтæ  уыцы  бæстæтæн,  кæцытæ  ацы территориты  банымайдзысты   хæдбар  паддзахадтыл.

Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  иттæг нысаниуæгджын у,  æхсæнадæмон  æмгарады  алы уæнг  баиу уа  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты сæрыл рахæцынæн, афтæ  куыд  уый æххæст кæны АИШ-æ  æмæ   æмгарады   алы уæнг» –  хъусын кæны Элизабет Руди.

Сирийы  фæсарæн хъуыддæгты  министрад, абон райхъусын кодта,  цæмæй   оккупацигонд   Абхазийы æмæ   «Хуссар Ирыстоны»  нымадмæ райста.

Гуырдзыстон  Сирийимæ  дипломативон  ахастыты  аскъуыныны  процедурæтæ райдыдта.