Электроэнергийы алæвæрды æмæ диспетчеризацийы тарифтæ райрæзтысты. Цыдæриддæр та цæрджыты пайдагæнæджы тарифтæм æххæссы, скуыддзаг бæрæг суыдзæн 27 декабры.
Кæд «Паддзахадон электросистемæйы» электроэнергрийы алæвæрды архайæг тариф у 80.972 тетри, 2018 азы 1 январæй суыдзæн 1.323 тетри (уæлæмхас аргъы фидтонæй) цухæй.
Гуырдзыстоны энергетикæйы регулиргæнæг националон камисы сæрадры Ирина Милоравайы фидиуæнæй, тарифы рæзт, баст у «Паддзахадон электросистемæйы» плангонд инвестицитимæ, кæцы зæгъæн ис 600 милуан ларимæ æххæссы.
Райрæзт электроэнергийы биспетчеризацийы тариф дæр. Архайæг у 0.082 тетри. 2018 азы 1 январæй 30-æм апрелы онг та, тариф суыдзæн 0.092 тетри, 2018 азы 1 майæ 2020 азы 31 декабры онг та суыдзæн 0.412 тетрийы (уæлæмхас аргъы фидтонæй) цухæй.